АУ, ЕЛХОТЫ ОНГ ДÆР НÆ ХЪÆУЫ
Хъодзаты Æхсар, «Мах дуг», 2000, № 2
На чужом языке мы теряем восемьдесят процентов своей личности.
(Сергей Довлатов)
Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ хъусын: «Ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы». Æмæ хъуыды кæнын: зæххы цъарыл ма дыккаг ахæм адæм ис, махау сæр сæрмæ чи нæ хæссы? Дæ куыдзмæ цы номæй дзурай, адæм дæр æм уыцы номæй дзурдзысты. Мах дæр нæ Хуыцауы лæвар — не ’взаг — куыдзæмгад скодтам, æмæ нын æм иннæ адæмтæ дæр уыцы цæстæй кæсынц: «...вы, осетины, называете себя аланами, даже к названию республики прибавили хвост: „Алания“. Какие же вы аланы? Вы даже не осетины, а какая-то примесь... А что еще говорить с вами, если вы презираете свой родной язык. У вас во Владикавказе нет своей национальной школы... Ваши парламентарии никогда не соизволили выступать на родном языке, а проводят свои заседания на чужом языке, а ваше телевидение не разберешь — российское или осетинское. Вы считаете себя образованными, но заблуждаетесь. Образованный тот, кто любит свой язык и ценит свою нацию» (газет «Алантæ», 1998, № 2).
Ацы ныхæсты автор у 25-аздзыд гуырдзиаг лæппу Вахо Кобаидзе. Раст мæм кæсынц иууылдæр. Мах æфсæрмы нал кæнæм нæдæр нæхицæй, нæдæр иннæ адæмтæй. Уæвгæ уый абоны хабар нæу. Байхъусæм-ма нæ разагъды фыдæл Цæлыккаты Ахмæтмæ: «Тридцать лет тому назад (революцийæ нымайгæйæ. — Хъ. Æ.) жизнь осетина, жившего натуральным хозяйством, была нормирована неписаным законом —обычаем. Обычай предусматривал каждый его шаг от колыбели до могилы. Но этот трафарет стал портиться от соприкосновения горского аула с русским городом. Обычай перестал поспевать за жизнью. Вот где начало гибели худинага» (журнал «Дарьял», 1991, № 4, 129 фарс). Абон ма æгъдауæн баззад æрмæст йæ ном, йæхæдæг та ивд æрцыди фыдвæткæй, гуылмызтæ, суррогатæй. Æгъдауимæ та амарди худинаг дæр. Нæ зонд Елхоты гæмæхтæй дарддæр не ’ххæссы, Æрджынарæгæй нарæгдæр сси, уыййеддæмæ, зæххыл къогъойы кæнæ хæфсы уаст куы нал хъуыса, уæд дæр дуне мæгуырдæр куы фæуыдзæн, уæд мах не ’взагмæ ахæм цæстæй цæмæн кæсæм, былысчъилтæ йыл цæмæн кæнæм?
«Маргъдарæн фермæйæ хъуысы кæрчыты хъуыдакк», «сæ фатер квартирæйы радтой», «правительство кæй хонынц, уый нын помощь оказать скодта», «потому что бæльницæ ныр зæронд у», «рабочитæн дæр комнæт хъæуы», «операционный дæр, ремонтгæнинаг у, перевязочный кабинеты дæр пинцеттæ æмæ зажимтæ нæ фаг кæны», «условитæ скодтам, цæмæй сывæллæттæ, молодежь сæ фæллад уадзой, воздух дæр кæдзосдæр уыдзæни, зелень фылдæр куы уа, уæд экологически чистый уыдзæн æрдз», «Æхсæз Герой Советского Союзайы радта Дигора».
Ахæм æвзагæй дзурынц ныртæккæ ирон æмæ дыгурон адæм. Афтæ’нхъæлут, ацы ныхæстæ искуы уынджы фехъуыстон? Нæ. Диктофонмæ сæ паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы информацион программæ «Ирыстон абон»-æй рафыстон 1998 азы 1 апрелы æмæ 27 майы. Ахæм нæфæтчиаг æвзагæй дзурын фæтк сси телеуынæны æмæ радиойы, нæ газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Дигорæ»-мæ дæр бахæццæ уыцы низ, сæйынц дзы нæ чингуытæй, журналтæй дæр бирæтæ. Зæгъæм, «Дигорæ» 1998 азы йæ дыккаг номыры рауагъта Агънаты Æхсары уац «Дыгурон æвзаджы ахадындзинад». Асæй æртæ цыбыр колонкæйы йеддæмæ нæу, афтæмæй дзы аирвæзти 40 рæдыды бæрц. Редакци «сомих»-ы бæсты фыссы «армянтæ», «сомихаджы» бæсты «армайнаг», «уац»-ы бæсты «статья» æмæ а.д. Æвзаджы тыххæй нывыл æвзагыл ма фысс, уæд уый куыд у? Куыд æви æрдиаг?
Уæлдай заууаты уавæры та Хуссар Ирыстоны газеттæ сты. Æркæсут-ма мæнæ ацы хъуыдыйæдтæм. Уацы ном газет «Советон Ирыстон»-ы: «Ахъуыдыгонддзинад æмæ аудындзинады позицитæй» («Советон Ирыстон», 1990.3.III) Хъуыдыйад (растдæр зæгъгæйæ та — хъуыдыйы æнад) уыцы газеты уыцы номыры: «11 ноябры дыккагæй уагъд цæуы хъæлæсæппæрст дыууæ кандидатæй фылдæр кæцæй раразмæ кодтой, фæлæ хъæлæсæппæрсты æмбисæй фылдæр сæ иу дæр чи не ’рæмбырд кодта, Гуырдзыстоны Сæйраг Советмæ депутатты æвзæрстыты фæдыл уыцы 60 æвзарæн окруджы фæдыл». Газет «Хурзæрин»-ы 1997 азы 21 июны номырæй: «Иумæйаг хъуагдзинæдтæн коллегитæн суммæтæ ахынцыны фæстæ адвокатты гонорарыл æвæрын хъæуы фиддон физикон цæсгæмттыл æфтиаджы фиддоны тыххæй закъондæттынады банысангонд бæрцтæй».
«Къухдариуæджы бын», «ныхмæздæхтдзинæдтæ», «скъуыддзаг кæнын», «æнæххæстдзинад», «хайад исын», «хайадист», «æнæрады химæрайст», «нысанмæздæхтдзинæдтæ», «закъондæттынад», «экономикон фæрныгад», «сæрдариуæгад» æмæ æндæр ахæм «æгæдтæ» æмæ «æнæдтæй» бæз-бæз кæны нæ газетты, радио æмæ телеуынæны æвзаг. Æнæджелбетт, курдиатцух журналисттæ нын нæ нæртон æвзагæй хъазæнхъул сарæзтой, фидиссаджы уавæрмæ йæ æртардтой.
Æвæццæгæн, журналисттæ исты æфсæнттæ ссардзысты, ома нæ куыст ахæм у, талф-тулфæй фембырд кæнæм æрмæг, стæй йыл биноныгæй бакусыны фадат нæ вæййы. Фæлæ цы ’фсæнттæ хъуамæ ссарой нæ ахуыргæндтæ та, цæмæй сраст кæндзысты сæхи? Мæнæ мæ цуры стыр чиныг «Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат». Йæ автортæ — Дзадзиты А.Б., Дзуццаты X.В., Хъараты С.М. Чиныджы текст фыст у дыууæ’взагыл: иронау æмæ уырыссагау. Растдæр зæгъгæйæ та, текст раздæр уырыссагау фыст æрцыди, стæй йæ иронмæ раивдæуыд. Æмбæлгæ та иннæрдæм кодта — нæмттыл, терминтыл фыццаг иронау æрдзур, стæй сæ ратæлмац кæн æндæр æвзагмæ. Фæлæ нæ ахуыргæндтæ искуы-иуæй фæстæмæ сæ мадæлон æвзаг нæ зонынц, афтæмæй дысфæлдæхтæй бавналынц ирон æвзаджы, ирон литературæйы, ирон фольклоры, ирон историйы, ирон этнографийы, ирон мифологийы хабæрттæ иртасынмæ. Уæд уал, гормон, ахуыргонды ном исыны размæ дæхицæн уыцы зын скæн æмæ дæ мады, дæ фыды ’взаг базон, стæй хъуыддагмæ бавнал!
Цы чиныджы кой кæнын, уымæн йæ мидисыл нæ дзурдзынæн, зæгъынмæ хъавын йе ’взаджы тыххæй. Йæ ирон тексты ахæм тыхарæзт, ахæм гуылмыз æмæ уæззау хъуыдыйæдтæ ис, æмæ сæ цæйау акæнынц, хæрæг уаргъæн нæ фæразы. Æркæсæм дзы цаддæрмæ: «Ирон æхсæнады æмæ йæ алы уæнджы æрвылбоны цард æмæ бæрæгбонты архайд баст уыдыстыалыхуызон аудæг тыхтимæ: æххæстбарджын аудæг дзуар Уациллайæ чысыл функциджын дуаг Уаты хицауы онг» (16 ф.); «Амыран ном куыд у, афтæ Даредзанты кадджытæ дæр, сты гуырдзиæгтæй æрбайсгæ» (15 ф.); «Æгъдау æххæст кæныныл адæймаджы æфтауынц куыд йæ мидзондахаст, афтæ æгас æхсæнады тыхфæлгъуыд дæр (кæннод индивидæн бауайдзæф кодтаиккой, зæгъæм, хъæубæстæ — ирон адæммæ» (23 ф.): «Йæ нысан у социалон процессты этникон бирæвæрсыгæй раргом кæнын, уыимæ ма культурæйы æмæ цардыуаджы этникон æууæлты социалон бастдзинад æмæ социалон алыхуызонады архайд, дæр сæ уæрæх нысаниуæджы рабæрæг кæнын» (207 ф.). Чиныджы разныхасы ма мæнæ цы хъуыдыйæдтыл æрхæцыди мæ цæст: «Республикæйы чингуыты рауагъдады В.А. Гасситы номыл типографийы директор»; «Уыдоны æххуысæй ацы чиныг уагъд рацыди джиппы».
Ахæм куырмæлхынцъытæ халынæй сæр сдон вæййы. Ирон текстæн ма ноджы æвидауцы хос сты уырыссаг æмæ фæсарæйнаг дзырдтæ: статья, справочник, суд, ритуал, адат, гаранти, стабилон, привилегитæ, патрилинейон), стæй ацы æнæхайыры «дзинæдтæ», «гондтæ» æмæ «æгæдтæ»: театралгонд, фæлдисындзинад, æнæвнæлддзинад, хæстæгиуæгад. Мыггæгтæ сæмтъерытæ сты: Гæджынаты бæсты чиныджы фыст и Гæджитæ. Гæцойты бæсты — Гацъотæ, Катауты бæсты — Къататæ, Цагъаты бæсты — Цагатæ. Горæтты æмæ хъæуты нæмттæ дæр афтæ хæццæ-мæццæтæ. Алагиры бæсты — Уæлладжыр, Гуры бæсты — Гори, Дзæуджыхъæуы бæсты —Владикавказ. Терминтæй бирæтæ раст фыст не сты. «Фæлдисындзинад» кæнæ «фыдгæнддзинады» «дзинæдтæ» чердыгæй бахъуыдысты? «Ирон фæндаг», зæгъгæ, уыцы термин Абайты Васомæ æмæ Нигермæ фыст у «иронвæндаг». Чиныджы хъуамæ уаиккой дыууæ варианты дæр. Кæд «кафтизæр» дзурынц, уæд арæхдæр та «хъазтизæр» дзырдæуы — уыцы вариант дæр фыссын хъуыди. Дыгурон «Никколæ»-йæн йæ ирон вариант «Ныккула» чиныджы нæй. «Чызгæрвитджытæ» дзы ис, «чызгæрвыст» та нæй, «Чындзхæссæг»-æн фыссын хъуыд йæ иннæ хуыз дæр: «чындзхон». Уацтæй искуы-иу йеддæмæ æнæ рæдыд нæй, бирæты та дзы фæндзгай-дæсгай рæдыдтæ ис. «Ацы Дзырдуаты хуызæн куыст нæма уыди», — буцæй фыссынц чиныгаразджытæ. Сразы уæвын хъæуы семæ: утæппæт рæдыдтæ, дызгъуын хъуыдыйæдтæ, теманæй рæхсад дзырдбæстытæ кæм уыд, ахæм чиныг никуыма ничи федта.
Кæддæрты-иу «æрцæуæг æлдарæй, тыхгæнæг хæддзуйæ» хъаст кодтам, «мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой», «не знаг нæ былмæ фæтæры», зæгъгæ. Фæстæдæр та Центрон Комитетæй нал уыди нæ бон, ивгъуыд замантæй баззайгæ зианхæссæг æгъдæуттæ сты, зæгъгæ, нын-иу нæ бæрæгбæтгæ æмæ мардыкæндтæ бынтондæр фенад кодтой, не ’взаг та нын гыццылгай-гыццылгай нæ хъуырæй ласын байдыдтой, «расцвет и сближение национальных культур», зæгъгæ, ахæм лозунг уæлæуæз сисгæйæ. Фæлæ раджы дæр æмæ ныр дæр æппæт бæллæхтæ дæр фыццаджы-фыццаг нæхицæй цыдысты æмæ цæуынц. Раст зæгъы Бзарты Руслан: «Когда старушка-осетинка обращается к маленькому внуку на исковерканном русском языке, мы имеем дело с неосознанным преступлением против будущего. Происходитумерщвление кулвтурной традиции... Старшее поколение часто возмущается непотребным поведением части молодежи. Справедливые упреки. К сожалению, нашим старшим предстоит еще осознать, что их отказом от родного языка, их согласием с таким отказом создана многочисленная когорта. выросшая на скудных штампах чужого языка и беспечно далекая от обеих культур» («Адæмон Ныхас». 1990, №3).
«Нæ зонд — цыбыр, мæгуыр — нæ зæрдæ». Раст та разынд ацы хатт дæр Къоста. Цыбырзонд куынæ уаиккам, уæд не ’взаджы хурхылхæнджытæй нæхицæн фæтæгтæ нæ аразиккам, куырыхонтыл сæ нæ нымаиккам, зарджытæ, симфонитæ сыл нæ фыссиккам, уастырджитæ сæ нæ хониккам. Мæнæ цы дзырдта иу ахæм куырыхон 1956 азы республикæйы скъолаты кусджыты конференцийы: «...назрела необходимость поставить вопрос о преподавании всех предметов на русском языке, начиная с первых классов. Я сам осетин, очень люблю осетинский язык и осетинскую литературу, но я всегда думаю, что русский везде необходим, даже в самом далеком селении документация ведется на русском языке. Кроме того, учащиеся получат больше пользы от такого преподавания... Я прошу рассмотреть этот вопрос и добиться разрешения». Уыцы куырыхон йæ мады ’взаг ахæм «æнахуыр уарзт» кæй кодта, кæд уый фæрцы агæпп ласта рухсады министрæй цалдæр азы фæстæ.
Ралæууыди 1964 аз. Ахуыргæнджытæн та уыди ног конференци. Докладгæнæг — куырыхон министр. Бæстон æрдзырдта, ирон æвзаг скъолатæй атæрыны тыххæй цы саразинаг сты, уыдæттыл — хицауады уынаффæ рагацау цæттæ уыд. Æрмæст ма сæ сæ фыдвæндæн исты æфсон ссарын хъуыдис а;мæ йæ æнцонæй ссардтой: адæмæн, дам, сæхи фæнды (бæлшевиччыты уарзон ныхас уыди: «идя навстречу пожелениям трудящихся»). Фæлæ байхъусæм куырыхон министрмæ: «При разъяснении Закона о школе родители в нашей республике высказать свое желание и потребовать обучать их детей на русском языке с 1 класса. Каждый родитель думает о будущем своего ребенка, желает видеть его в числе активных строителей коммунизма... Глубокий анализ сложившейся системы обучения в осетинской школе подтверждает правоту мнения родителей» («Мах дуг», 1999, № 8. Раззаг цитатæ дæр ист у уырдыгæй).
Ахæм ма дзы æнахуыр логикæ уа! Цыма ирон æвзаг зонгæйæ коммунизм аразæн нæй, цыма не ’взаг коммунизмæн нæфæтчиаг у!
Конференци уыди 7–9 майы. Цæвиттон, нæ хицæуттæн Уæлахизы бонмæ сæ къухы бафтыди дыккаг уæлахиз дæр: сæ къæхты бын бассæстой сæ фидæн, ирон сабиты æнæхай фæкодтой сæ мадæлон æвзагæй, нæ рæзгæтæй бирæ минты ассыдтой сæ фыдæлты авдæнæй. Кад æмæ намыс уæлахиздзаутæн! Хуыцау сын бирæ цæрæнбон раттæд, фæлæ се ’цæг дунемæ куы ацæуой. уæд та нæ разагъды ветерантæ сæ коллективон æргом фыстæджыты домдзысты хицауадæй: нæ уæлахиздзау сгуыхт лæгты рохуаты цæмæн ныууагътат — æвæстиатæй сын сæ фарны хъуыддæгтæ сæнусон кæнут, нæ сахары рæсугъддæр уынгтыл сын се ’рттиваг нæмттæ сæвæрут! Уæвгæ ныр дæр, ома сæ удæгасæй, рох не сты: не ’взаг хурхгæнджыты раздзог Дзæуджыхъæуы мэры фæндæй хæссы нæ горæты кадджын гражданины ном.
Æппæтæй диссагдæр уый у, æмæ ахæм хицæуттæн нæхицæй, фысджытæй, фарсхæцджытæ кæй разыны. Байхъусæм мæнæ Тедеты Георгимæ: «...не следует кивать ни на местное руководство. якобы погубившее осетинский язык ради партийной карьеры, ни на Россию, якобы подавившую своей культурной экспансией осетинский язык как форму для национального содержания» («Отчизна», 1998. № 3).
Ау, 1964 азæй нырмæ (35 азы!) нæ республикæйы иу ирон скъола дæр кæй нæй, уый нæ хицæутты аххос нæу! Комкоммæ йæ адæмы æвзаджы ныхмæ чи тох кæны, уыцы разамонджытæ æппындæр ницы аххосджын сты? Æппынæдзух нæхи «æмсæр-æмбар» æмæ «суверенон» куы хуыдтам æмæ хонæм, уæд, æвзаг цы адæмæн нæй, уыдон чердыгæй суверенон сты? Стæй Уæрæсейы «культурон экспанси» ирон æвзагыл æвзæрырдæм кæй фæзынд, уый сусæггаг у? Байхъусæм та алы адæмты дзырдзæутæ лæгтæм. Н.Бердяев: «За ошибки государственных деятелей расплачивается нация» («Энциклопедия афоризмов». М., чиныгуадзæн АСТ, 1998, 113 ф.); «Говоря об оккупированных народах, странах и государствах, мы должны говорить и об оккупированных языках, культуре, об оккупации духа и личности, а скинуть такую оккупацию будет труднее всего» (Леонс Бриедис. Журнал «Вильнюс», 1990, №8–9, 176 ф.); «„Печать в СССР в 1937 г.“ сообщает, что в Советском Союзе учебники издаются на девяноста языках. А в журнале „Коммунист“ за 1988 год (№15, с. 69) опубликовано, что учебный процесс в нашей стране ведется, на тридцати девяти языках. Итак, за пятьдесят один год из сферы школьного обучения „выпал“, а точнее — раздавлен бульдозерами фальшивого „братолюбия“ пятьдесят один язык. В их числе языки малочисленных народов Сибири и Дальнего Востока; однако то, что народы, говорившие на них, малочисленны, не уменьшает, а, напротив, усугубляет вину за их гибель. В общечеловеческий семье о „малой“ нации должно заботиться особо, ведь ее культурные богатства зависят не от количества людей, а только; от самой сути народного характера и духа. Украинский язык волею тех же иезуитов, магистров великодержавного ордена, был приговорен к медленной, но неминуемой, с их точки зренкя, смерти» («Дружба народов», 1989, № 6); «Беспардонное отношение к народам Севера — факт исторический. Все решали за нас наверху. То отнимают родной язык, то сживают с исконных мест, вытесняют из традиционных отраслей» (А. Кымытваль, «Даутава», 1990, №12).
О, фæлæ цы баци куырыхон министр та? Хорз ын æнтысти. Хызт иу къæпхæнæй иннæмæ: Министрты Советы сæрдары куырыхон хæдивæг, ЦИПУ-йы куырыхон ректор, партийы рескомы куырыхон секретарь (фыццаг!), Цæгат Ирысторы ССР-ы Сæйраг Советы куырыхон сæрдар (ацы бынат ын хæсты æмæ фæллойы ветеранты къорд рахуыдта «республикæйы зæдбадæн, æппæты бæрзонддæр цъутта» — «Рæстдзинад». 1992.25.11, ветерантæ цæмæй зыдтой, ноджы бæрзонддæр цъуппæй — президенты бынатæй — кæй ракæсдзæн, уый!). Мораль: цæмæй карьерæйы бæрзонддæр рындз дæу бауа, уый тыххæй сусæг-æргомæй тох кæн адæмы ныхмæ, арт æндзар дæхионтыл. Иугæр «зæдбадæн цъупмæ» схызтæ, уæд та æппæлын райдай: «Мой народ не только мудр, но и неподкупен» («Северная Осетия», 1994.18.01).
Æвæццæгæн, куырыхон президент фыдæлтыккон философты ныхæстæ хорз бахъуыды кодта. Мæнæ куыд загъта сæ иу: адæм æдылыдзæф куы уой, уæд сæ сæргъы лæууын æнцон у.
Æхсинылæгтæн сæ мыггаг не скъуыйы, æфтгæ сыл цы кæны, æндæр. Уыйхыгъд къаддæргæнгæ цæуынц нæ дзыллæйы лæгтæ, нæ фарны, не ’взаджы сæрыл чи сдзура, уыдон. Уæвгæ йыл дзурджытæ ис. Суанг ма республикæйы прокуратурæ дæр йæ хъус æрдардта хъуыддагмæ. 1997 азы 1-æм февралы газет «Северная Осетия» ирон æвзаджы кæуинаг уавæры тыххæй нæ фысджыты къорды сидт куы рауагъта, уæд прокуратурæйы кусæг Куыдзиаты Валодя биноныгæй раиртæста, сывæллæтты рæвдауæндæтты, скъолаты, техникумты, ЦИПУ-йы филологон факультеты нæ мадæлон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг куыд æвæрд у, уый. Æмæ рабæрæг: Дзæуджыхъæуы дæр æмæ районты дæр «хæдд цæуынц РЦИ–Аланийы Конституцийы æмæ УФ-йы ахуырады закъæтты домæнтæ», скъолаты, Аивæдты лицейы, Медицинон колледжы æмæ иннæ рæтты «ирон æвзаг ахуыр кæнынц, уыцы предметтæй сын ис хорз бæрæггæнæнтæ, фæлæ уыдонæн сæ бон нæу хуымæтæг фарстатæн иронау дзуапп раттын», «прокуратурæйы домæнтæ Ахуырады министрад æппындæр ницæмæ æрдардта» («Рæстдзинад», 1997.30.08).
Цæвиттон, республикæйы кæйдæриддæр цыдæриддæр фæнды, уый кæны. Афтæ кæй у, уымæн ма иу æвдисæн — Валодяйы ацы ныхæстæ: «Æрхонкæйы станицæйы ирон скъоладзаутæн, зæгъæн ис, ист сты сæ конституцион бартæ: нæ ахуыр кæнынц ирон æвзаг æмæ литературæ 314 скъоладзауы 1-æм скъолайы æмæ 113 скъоладзауы — 2-æм скъолайы» (уый дæр уым). Валодя раст зæгъы: «...скъола фæуæвгæйæ, скъоладзаутæ сæ мадæлон æвзаг куынæ зоной, уæд уый фыдракæндау уыдзæн». Фæлæ, бафæрсын аипп ма уæд: ау, ацы фыдгæндты ныхмæ республикæйы прокуратурæйы бон æппын ницы у?
«Нация не может погибнуть, кроме как от самоубийства», — фыста америкаг поэт æмæ философ Ралф Эмерсон. («Энциклопедия афоризмов». М., чиныгуадзæн АСТ, 1998, 113 ф.). Мах дæр, æвæццæгæн, не сæфты къахыл лæууæм, уый йеддæмæ иу хатт искæцы хъуыддаджы нæ фæнд куыннæ баиу вæййы! Кæдæй нырмæ раиваз-баиваз кæнæм æвзæгты тыххæй закъоны проект. Раздæры хицæуттæ йæм фыдыусы цæстæй кастысты, æхсæз азы дæргъы йын цæлхдуртæ февæрдтой.
Нæ зæрдæ дардтам ног президентыл, закъон сфидар кæныныл бакусдзæн, зæгъгæ. Фæлæ уал абоны онг фыдæнхъæл стæм. Цы фидиссаг уавæрмæ æрхаудтам, уый тыххæй æргом фыстæг ныффыстон Дзасохты Алыксандрмæ (газет «Стыр Ныхас», 1998 азы ноябрь, № 18). Æвзæр, дам, йæхицæй фæхæссы, æмбисонд... Мæнæ дыууæ скъуыддзаджы уыцы фыстæгæй: «Народ как этнос превращен в безликую массу, в безумца, рубящего сук на котором сидит. Прежнее руководство палец о падец не ударило, чтобы хоть как-то поправить дело, в результате чего полумиллионная нация оказалась у роковой черты. Нужны неотложные и решительные действия по реанимации осетинского языка и самосознания народа»; «Осетинский язык, как равноправный с русским, не толъко не вошел в детские дошкольные учреждения, школы, вузы, в государственные структуры, предприятия, организации и т. п., но всячески ставится в унизительное гголожение. Недавнр мне прислали проект Закона РСО—Алания «О языках народов РСО—Алания» и Государственную программу сохранения, развития и изучения осетинского (аланского) языка в РСО—Алания. Я внимательно прочитал оба документа, но ни в первом, ни во втором не обнаружил пункта, где бы было сказано о создании осетинских школ, т. е. такого типа школ, в которых бы обучение всех предметов велось на осетинском языке. Без наличия таких школ, средних или неполных средних, никакие законы и программы не помогут нам выжить. Мы и без того потеряли несколько поколений нашего народа. Кстати, идею создания подобных школ поддерживает большинство писателей, целый; ряд ученых. Многие из них, в том числе и я, оканчивали такие школы и прекрасно понимают, что это значит для нашей нации в перспективе. Конечно, дело это не сиюминутное, для осуществления его погребуется много сил, времени и средств, но, коль скоро речь идет о спасении этноса, то для этой священной акции мы ничего не должны жалеть».
Ацы фыстæг президентмæ лæгæй-лæгмæ куы радтон, уæдæй нырмæ фараст мæйæ фылдæр рацыди, фæлæ йын нырма дзуапп нæма. райстон. Афтæ рауад йæ хабар, 1996 азы фысджытæ къордæй цы сидт ныффыстой, уымæн дæр. Хурсыгъд æдзæрæг быдыры фæдисхъæр чи кодта, уый æмбисонд æрцæуы махыл дæр æдзух. Мæнæ цы æбуалгъ статистикæ æрæвæрдтой фысджытæ нæ президенты, парламенты, хицауады æмæ æппæт ирон адæмы раз: ахуыргæндтæ куыд раитæстой, афтæмæй, Ирыстоны цы ирæттæнæры, уыдонæн сæ 7 проценты йеддæмæ нæ зонынц ирон æвзаг; дзургæ дзы фылдæр кæны, фæлæ. ахуыргæндты нымадмæ гæсгæ, æвзагзонджытæм хауынц, йе ’взагыл кæсын-фыссын чи зоны, уыдон («Рæстдзинад», 1996.30.11). Фысджыты фæндæттæ уыдысты: ирон æвзаджы рæзты программæ сфидар кæнын; райдайæн кълæсты ирон æвзагмæ рахизыны куыст кæронмæ фæуын; фидæнмæ ирон æнæххæст астæуккаг скъолатæ саразын; иудадзыг чи куса. ахæм терминологон къамис саразын æмæ а.д.
Махæй бирæ хæттыты фылдæр цы адæмтæ сты, æппындæр фесæфынæй тас кæмæн нæу, уыдон дæр хæдзардзинæй хъахъхъæнынц сæ уидæгтæ. Амæйразмæ фыстон, Башкортостаны, Белоруссийы, Уæрæсейы æмæ иннæ рæтты сæ адæмты æвзæгтыл куыд аудыни, уый тыххæй. Зæгъæм, 1996 азы фæзынди Б. Ельцины барамынд уырыссаг æвзаджы фæдыл сæрмагонд Совет саразыны тыххæй. Махмæ дæр ирон æвзагæн ахæм совет саразын æмбæлы, зæгъгæ, фыстон нæ президентмæ, фæлæ — никуы ’мæ ницы. Бафæзминаг нын сты францæгтæ дæр. 1996 азы 1 январæй фæстæмæ кусын райдыдта ног закъон. Уым фыст ис: Францы радиостанцæтæ цы поп-музыкæ хъусын кæнынц, уымæн йæ 40 проценты хъуамæ уа францаг æвзагыл.
Цы цæстæй кæсынц нæ хæстæгдæр сыхæгтæ та сæ адæмты фидæнмæ? Байхъусæм ЦИПУ-йы профессор Хъулаты Азæмæ: «Нæ алыварс цы ахуыргæнæндæттæ ис (адыгтæм, хъалмыхътæм, черкестæм, башкиртæм, Дагестаны), уым 10 æмæ фылдæр азгæйттæ кусынц национ скъолайы сæрмагонд факультеттæ. Уым мадæлон æвзагыл цæттæгонд цæуынц специалисттæ æнæххæст астæуккаг скъолайæн, стæй рæвдауæндæттæн... Уыцы хъæугæ куысты тыххæй ныхас цыд, 1987 азы 22–24 мартьийы Майкъопы национ скъолаты факультетты сæргълæуджытæн цы æмбырд-семинар арæзт æрцыд, уым, стæй 1997 азы 16–17 апрелы Налцыччы цы зоналон наукон-практикон конференци ацыд, уым дæр. Куыд педагог, афтæ нæ республикæйы цытæ цæуы, уыцы хабæрттæ хорз зонын. Æмæ скъолайы, кафедрæты, факультетты фæлтæрддзинад куы сбæрæг кодтон, уæд ахæм хатдзæгмæ æрцыдтæн: сыхаг республикæты не ’мкусджытæ размæ акодтой егъау къахдзæф. Уыдон фервæзын кодтой се ’взаг, сæ культурæ, уыимæ та сæ адæмы» («Рæстдзинад», 1998.06.08).
Ацы хабæрттæ хъусгæйæ адæймаг æрхæндæг хъуыдытыл куыннæ бафта: зæххыл цæрæгудæй æмæ зайæгойæцыдæриддæр ис — алчи дæр тырны йæ мыггаг фæфылдæр кæнынмæ; хуымæтæджы ичъи дæр ма, цæмæй йæ мыггаг алы рæтты азгъæла, уый тыххæй стуры фарсыл кæнæ адæймаджы фæдджийыл ныддæвдæг вæййы. Уæд мах цы мæрддаг стæм — цыма нын кæлæнтæ счынди — не ’ппæт хъарутæ дæр сарæзтам мыггагыскъуыд фæуынмæ.
Нæ наци йæхи æмбарынхъом кæй нæу, нæ менталитет хæрз ныллæг кæй у, уымæн ма иу æвдисæн: ног парламент æвзарыны агъоммæ газетты фæзындысты кандидатты программæтæ. 500 адæймагмæ æввахс уыдысты. Сæ программæтыл сын мæ цæст ахастон, фæлæ дзы иуы дæр нæ разынди, нæ адæмы се сæфтæй бахизын хъæуы, ирон æвзаг бахъахъхъæнын нæ ахсджиагдæр хæс у, зæгъгæ, ахæм хъуыдытæ. Уыцы программæты хицæутгы иу хай ныр барджынæй æрбадти парламенты. Æмæ, ахæм парламентæй æнæ парламент хуыздæр у, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд-иу хъыг макæмæ фæкæсæд.
Лæг бонæн диссаг хъусы æмæ дис кæнынхъом уымæн нал стæм, æвæццæгæн. Фæлæ æз уæддæр бадис кодтон, уæллæгъи, ацы хатт нæ парламентаритæ куыд æвзыгъд, къæрцхъус æмæ цырддзаст разындысты, ууыл. Ленины чырыстон æгъдаумæ гæсгæ йæ сыджыты хайыл сæмбæлын кæнæм, зæгъгæ, ныхæстæ куы сарæх сты, уæд нæ парламенты Совет, айтæ-уыйтæ нал, фæлæ æвæстиатæй тел ныццавта федералон Центрмæ: Ленины, дам, куы баныгæнæм, уæд Уæрæсе хæрзбын бауыдзæни, фæдис, уыцы фæнд, дам, «может послужить началом распада нашей державы»! Цæвиттон, нæ дзыхъхъынног парламент, а нæхи Иры дзыхъхъы куыстагæй цыдæриддæр уыди — бакодта сæ, йæ нацийы раз йæ хæстæ бафыста, егъау хæрзты йын бацыди, гъемæ ныр та «державæйы» хъуыддæгтæм бавнæддта. Ленин нын быдыргъау хусæй уæлæуыл куы баззайа тъымы-тъыматæм, уæд «державæйæн» мур дæр ницы тас у... Гъе афтæтæ, хорз адæм. «Мах тыхджын стæм, мах ныфсджын стæм!..»
Иттæг раст загъта Н. Бердяев: паддзахады разамонджыты тæригъæдтæ кæддæриддæр адæмæн фидгæ рауайынц. Ирон æвзаджы авналæнтæ фæуæрæхдæр кæнынæн кæд исчи цæлхдур æвæры, уæд — æппæты фыццаг бынатылмард чиновниктæ, йæ хъæстæ, йæ мыггаг, йæ туг, йе стæг, йæ тъымы-тъыма йе ’нæуынон кæмæн свæййынц, уыдон. Ирыстоны, ирон адæмы ’хсæн цæргæйæ, йæ мад, йæ фыды ’взаг чи нæ зоны æмæ йæ базонынмæ дæр чи нæ тырны, уый нæдæр ирон адæм хъæуынц, нæдæр Ирыстон. Уый хъæуы æрмæстдæр пайдайаг бынат, удæнцой, æхца æмæ алыхуызон уæлæмхасæн бартæ. Гъе ахæмтæ сты «нæ сæфты хъæр. нæ фыдты фыд, нæ худинаг». Æмæ нæм æцæг цивилизацихъæстæ æхсæнад куы уаид, уæд хъуамæ фидар фæтк сæвæриккам: йæ мадæлон æвзагыл йæ къух чи ауыгъта, уыцы ирæттæн бæрзонд бынæттæ ахсыны бар нæй. Президент уа, премьер уа, парламенты сæрдар уа, депутат уа, горæты, районы, хъæуы администрацийы сæр уа — хъуамæ иронæй, уырыссагæй, мæхъхъæлонæй зоной дыууæ паддзахадон æвзаджы: ирон æмæ уырыссаг. Ахæм фæтк раст зондыл бафтауид, карьерæйы фæндагыл æрлæууынвæнд чи кæны, уыцы æрыгон лæппуты æмæ чызджыты. Уыдон сæ бон базониккой, бамбариккой, æнæ ирон æвзаг сын акъахдзæфгæнæн кæй ничердæм ис уый, æмæ йæ бар-æнæбары ахуыр кæнын райдаиккой. Цыбыр дзырдæй, хъуамæ нæ чиновникты цардвæндæгтæ аразгæ уаиккой не ’взагæй. Махмæ та бынтон иннæрдæм у: не ’взаджы хъысмæт аразæг уыцы æнæджелбетт, æнæчетар чиновниктæ сæхæдæг сты. Æмæ йын иудадзыг йæ фæндæгтæ æхгæнынц, ссæндынц æй сæ къæхты бын. Кæй зæгъын æй хъæуы, цы фæткы кой кæнын, уый иу боны хъуыддаг нæу, рæстæг æмæ йын фæрæзтæ хъæуы.
Фæлæ йын сæрæвæрæн скæнын афон рагæй у: алы адæмтæ суверенитеттыл куы ныххæлоф кодтой, уæд ыл ныххæцын æмбæлди. Мах та уæд не ’вдæлди; нæ «султъы», æвзæгты тыххæй закъоны проектæй зæгъын, ныхасмæ рахастам æмæ ныл ууыл радзур-бадзуртæй рæстæг (8 азы) аивгъуыдта. Гъемæ «султъыйæ» дыууæ æрчъихоры дæр нал рауад.
Фæлæ æппæт аххостæ дæр хицæутты æккой æвæр, уæд уый дæр раст нæу. Къаддæр азымджын не сты, интеллигентты ном кæуыл сбадт, уыдон: сæ бон нæу ныфсхастæй архайын, фылдæр хатт арт æндзарынц сæхи гуылы бын, сæйрагдæр куыстытæ рохуаты баззайынц æмæ æнæсæрфат ракæ-бакæтыл схæцынц. Æмæ нæ мидбынаты цоппай кæнæм, пъæззыйы уацарæй раирвæзынæн ницы мадзал арæм.
Æрæджы Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты уыд æмбырд. Æрбахуыдтой йæм ЦИПУ-йы ахуыргæндты, Ахуырады министрады минæвæртты, хицауадæй кæйдæрты, стæй журналистты. (Æрмæст фысджытæ иуварс цæмæн аззадысты — мæгъа). Ныхасы сæр — æвзæгты тыххæй закъоны проект. Æмæ та ам дæр рабæрæг: нæ иумæйаг низæй нын фервæзыны хъомыс нæй — алырдæмыты рассæнд-бассæндæй нæ бонтæ тонæм. Хæфс дæр ма калмы хъæлæсмæ уасгæ æмæ удхаргæнгæ фæбыры. Мах та ахæм æвирхъау гипнозы уацары стæм, æмæ Империйы дзыхмæ къах-къухтыл кафгæ, оптимистон лозунгтæ хъæргæнгæ æмæ æмдзыхæй «Интернационал» заргæ лæгæрстам æмæ лæгæрдæм. Æмæ ныл адæм, уæлдайдæр та нæ сыхæгтæ, худæгæй сæхи схастой, фидиссаг систæм.
Ирон æвзаг цæттæ нæу паддзахадон æвзаджы хæстæ æххæст кæнынмæ, нæй терминологи, ирон æвзагмæ рахизынмæ цæттæ не сты республикæйы цæрæг иннæ адæмтæ, ирон æвзаг закъонтæ хъуаг нæу, наукон-практикон конференцийы равзарæм не ’взаджы хъуыддæгтæ, адæмы бафæрсæм, социологон иртæстытæ саразæм... Ахæм ныхæстæ кодтой ахуыргæндтæ уæд, фæлæ сæм цалдæр фарсты раттинаг дæн. Ирон æвзаг паддзахадон æвзаджы хæстæ æххæст кæнынмæ йæхи-гъдауæй сцæттæ уыдзæни? Дзурын ыл куы райдыдтам, уæдæй нырмæ йæ нæ уыди бацæттæ кæнæн? Нæ сыхæгты уæддæр нæ уыди бафæзмæн? Закъон ныр куынæ сфидар кæнæм, уæд ныл фыдæлты æмбисонд не ’рцæудзæн: уæдмæ йе хæрæг мæлдзæн, йе йæ хицау? Цæуылнæ нæм ис терминологи, уæ институты æвзагзонынады хайадæн ацал-ауал азы йæ хуыздæр куыст цы уыд? Æнæхъæн æнусы ’мбис фæсте цæмæн баззади дзырдуæттæ аразыны хъуыддаг Ирыстоны? (Абайты Васо нын 50 азы размæ цы «Уырыссаг-ирон дзырдуат» сарæзта, уымæй куы пайда кæнæм абон дæр). Республикæйы иннæ адæмтæ ирон æвзагмæ рахизынмæ цæттæ кæй не сты, уый дæр нæхи аххос у: не ’взагæй арвистон, хъазæнхъул сарæзтам, ныр нæ афтæ фæнды, цæмæй йæ æндæр адæмтæ сæ уд, сæ дзæцц рахоной! Интернационализм амоны æмсæр-æмбар хæлардзинад. Кæд æз мæ бæстæйы цæргæйæ уырыссаг æвзаг сахуыр кодтон, уæд уырыссаг дæр йæхицæн базын кæнæд — мæ бæстæйы цæры æмæ базонæд ме ’взаг. Махмæ бирæ азты интернационализм кæй хуыдтой, кады зарджытæ кæуыл кодтой, уый та сайæн ми йеддæмæ ницы уыд, æлдар æмæ æххуырсты «хæлардзинад». Кæд дарддæр дæр ахæм «хæлардзинадыл» разы стæм, уæд та ирон æвзаджы кой дæр мауал кæнæм æмæ Ирыстоны кой дæр, фæлæ басæттæм: мах стæм æлъаг цагъартæ, æрцæуæг хæддзуты æххуырстытæ, нæ куыдзы бон зонæм æмæ йыл хъæцæм.
Кæмæдæрты диссаг дæр фæкæсдзæни, фæлæ 150 азы размæ Кавказы цы уырыссæгтæ цард, уыдон абоныуонтæй «цæттæдæр» уыдысты «ирон æвзагмæ рахизынмæ». Уæд, 1847 азы,инæлар-губернатор М.С. Воронцовы фæндæй, — фыссы Бзарты Руслан, — «æппæт скъолаты дæр хъуамæ амыдтаиккой бынæттон æвзæгтæ, стæй ма уырыссаг ахуырдзаутæ дæр хъуамæ ахуыр кодтаиккой бынæттон адæмтæй искæцыйы æвзаг» («Мах дуг», 1999, № 7).
Æвæццæгæн, хатгай фæстæмæ акæсын дæр фæхъæуы. Паддзахы инæлар-фельдмаршæлты дæр зондæй афæрсын зианы хос нæу: уыдон дæр кæд марксистты скъолайы нæ бакастысты, кæд интернационализмы бæрзонд идейæтыл хæст нæ уыдысты æмæ Империйы гуылы бын æндзæрстой арт, уæддæр хъавгæдæрæй архайдтой, адæмы зæрдæмæ фæндаг ссарынмæ дæсныдæр уыдысты.
Бонтæ, азтæ ивгъуыйынц, иу фæлтæр иннæйы фæдыл йæ мадæлон æвзагæй иртæсы, нæ мыггаг бонвыддæрмæ цæуы, мах та ма æнæхайыры иртæстытæ-йедтыл дзурæм. Байрæджы, гормæттæ, ракæ-бакæтæм нæ нал æвдæлы, гу-у-укк! Æвзæгты закъоны проект абон нæ фæзынд, авд азæй йыл фылдæр цæуы, ныхас дæр ыл бирæ фæкодтам газетты, журналты, телеуынæны, радиойы, æмбырдты. Зонын æй: уыцы закъон æвдадзы хос нæ басгуыхдзæни не ’взагæн. Бындурон закъон — Конституци — куы ничи ницæмæ дары, уæд ма амæ хъусдзысты! Фæлæ нæ кæд иучысыл размæ фесхоид, кæд гæзæмæты базмæликкам (нæ сыхаг адæмты баййафыныл уæддæр куы афæлвариккам), кæд нын ныфсы хос фæуаид... Æниу ма цæй закъон у — куы йæ ныкъкъаппа-къуппа кодтой, куы йæ бардызтой...
Хъуыддаг уымæ æрцыд, æмæ суанг нæ республикæйы ном дæр æмæ Къостайы мыггаг дæр абоны онг нæ бон раст фыссын нæма у. Æркæсут-ма, нæ бæстæйы номæн иронау цал варианты ис, уымæ: «Республикæ Цæгат Ирыстон—Алани» («Рæстдзинад» æмæ æндæр газеттæ), «Цæгат Ирыстон—Аланы Республикæ» («Мах дуг»), «Республикæ Цæгат Ирыстон—Алантæ» («Ирæф»), Æрæджы Кодзырты Жаннæ джиппы рауагъта альбом Чырыстийы райгуырды 2000 азмæ. Уым та кæсæм: «Ирыстон—Аланыстоны чырыстон цыртдзæвæнтæ». Гъемæ йæ райгуырæн бæстæйыл хъуыды кæнгæйæ, адæймаг бар-æнæбары æрымысы Къостайы ныхæстæ: «Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ». Иудадзыг чи куса, ахæм терминологон къамис нæм куы уыдаид, уæд, æвæццæгæн, ацы заууаты уавæрмæ не ’рцыдаиккам.
Къостайы райгуырдыл сæххæст 140 азы, йæ «Ирон фæндыр»-ы фыццаг рауагъдыл та 100 азы... Поэты мыггаг уæдæй ардæм алы ран дæр фыст цæуы рæдыдимæ: Хетæгкаты. Фыссын та йæ хъæуы Хетæггаты (абар: Æхсæртæггатæ. Цæллаггатæ, мыггаг, лæггад, баззайæггаг æмæ а.д. Дзырдты бындуртæн сæ кæрæтты ис «г»; суффикстæ -ат æмæ сæм -аг æфтыд куы ’рцыд, уæд «г» фæдывæр. Хæрз хуымæтæджы уагæвæрд, афтæмæй та йæ æнусы дæргъы халæм). Къоста, дам, йæхæдæг йæ мыггаджы гк фыста. Омæ кæд Къостайы растфыссынадмæ здæхæм, уæд нæ абоны орфографийы æгъдæуттæй дæр бирæтæ рацаразын хъæуы.
Дунейы æвзæгты бæлас кæй хонынц, уым хицæн ирайнаг къалиуыл скифаг æвзæгты фæстæ цæуы ирон. Скифаг æвзæгтæ нал сты, сæ сыфтæртæ — бур, ирон та — кæрдæщъæх ахуырст, хибарæй сидзæрау зыбыты иунæгæй баззади къалиуы иъуппыл. Нырыл куыд стырзæрдæ стæм, афтæ ма иуцасдæр куы ахæсса, уæд рæхджы бур-бурид афæлдæхдзæни, рæстæджы дымгæ йæ дагъытъайлаг бакæндзæни.
Фæдисы хъæрау та мæм хъуысы рухсы бадинаг Уарзиаты профессор Вилены зæрдæйы уынæргъын: «Осетины — реликтовый народ индоиранской группы большой индоевропейской семьи. Они сохранили в веках и поколениях то, чего нет ни в каких исторических хрониках и документах. Речь идет о мироздании древнего, неповторимого, своеобразного социума восточных иранцев. Это всегда следует помнить и, как музейный раритет, тщательно сохранять хотя бы ддя мировой цивилизации, если нам самим это не нужно и доставляет дополнительную тягость бытия» («Дарьял», 1995, № 2).
Ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр нæ хъæуы? Æви Елхоты онг дæр нал хъæуы? Цы зæгъут, «ирон» адæм? Скифты, сæрмæтты, аланты фыдвæд рахонæм æви æвæд?