Национ ахуырады истори у Ирыстоны рухсады æмæ культурæйы иумæйаг историйы ахсджиагдæр фарстытæй иу. Индустрион æхсæнады национ ахуырады системæ нымадæуы национ культурæйæн йæ уæвыны æмæ рæзыны бындурыл. Нудæсæм æнус та ирон адæмæн сси химбарынады æмæ национ культурæйы рæзты сæвæрæн дуг. Политикон, социалон æмæ хæдзарадон хъуыддæгты ирон наци иуцасдæр йæхиуыл схæцыд, æмæ уый руаджы сæфты къахыл ныллæууыди феодализм. Уый та фадат радта традицион цардыуаг фехалынæн. Адæм тынгдæр æвдисын байдыдтой се сфæлдыстадон хъару, фæпарахатдæр сты культурон æмахастдзинæдтæ. Æхсæнад йе ’ргом тынгдæр аздæхта ахуырмæ, культурæмæ. Уалынмæ фæзындысты профессион литературæ æмæ аивад дæр. Уыцы хъуыддæгтæ иууылдæр цыдысты, наци йæхи зонынхъом, йæхи...