October 17, 2021

Цæгат Ирыстоны национ ахуырады фæндаг

Бзарты Руслан, журнал «Мах дуг»

Разныхас

Национ ахуырады истори у Ирыстоны рухсады æмæ культурæйы иумæйаг историйы ахсджиагдæр фарстытæй иу. Индустрион æхсæнады национ ахуырады системæ нымадæуы национ культурæйæн йæ уæвыны æмæ рæзыны бындурыл. Нудæсæм æнус та ирон адæмæн сси химбарынады æмæ национ культурæйы рæзты сæвæрæн дуг. Политикон, социалон æмæ хæдзарадон хъуыддæгты ирон наци иуцасдæр йæхиуыл схæцыд, æмæ уый руаджы сæфты къахыл ныллæууыди феодализм. Уый та фадат радта традицион цардыуаг фехалынæн. Адæм тынгдæр æвдисын байдыдтой се сфæлдыстадон хъару, фæпарахатдæр сты культурон æмахастдзинæдтæ. Æхсæнад йе ’ргом тынгдæр аздæхта ахуырмæ, культурæмæ. Уалынмæ фæзындысты профессион литературæ æмæ аивад дæр. Уыцы хъуыддæгтæ иууылдæр цыдысты, наци йæхи зонынхъом, йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд. Уыйадыл ХIX æнусы дыккаг æмбис æмæ XX æнусы фыццаг цыппæрæм хай Ирыстонæн сси Национ ренессансы дуг.

Нудæсæм æнусы кæрон æмæ ссæдзæм æнусы райдиан фæзынди ирон скъола. Уыцы хабар уыди ахъаззаджы сæрæвæрæн канд национ-культурон царды нæ, фæлæ социалон-политикон царды дæр. Мадæлон æвзаг нымайын байдыдтой культурæйы удыл, дуг та кæрæдзиуыл бæттæг тыхыл. Скъолайы ахуырад иумæйаг литературон æвзаг æмæ скъолаты ахуыры хъуыддаг мадæлон æвзагыл сæвæрын сси ирон интеллигенцийы сæйраг нысан Национ ренессансы дуджы. Ирон литературæйы классиктæ Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ Æрнигон Иласы фæтардтой ахуыргæнæджы куыстæй, скъоладзауты ирон æвзагыл ахуыр кæнын кæй бафæлвæрдтой, уый тыххæй.

Æцæг ирон скъола саразын къухы бафтыд æрмæст 1917 азы революцийы фæстæ. Советон дуджы национ скъола Ирыстоны фæцыди, бæлвырд ахъуыды кæнын кæуыл æмбæлы, ахæм зын фæндæгтыл. Национ ахуырады фарстытæм лыстæг æркæсын тынг ахсджиаг у абоны онг дæр, адæмон ахуырады парахат реформæтæ куы цæуы, уыцы рæстæджы. Реформæты нысантæй иу хъуамæ суа ногæй æцæг, хæрзхъæд национ скъола саразын, ахуыр дзы сыгъдæг мадæлон æвзагыл куыд кæной, афтæ.

Фæлæ адæмон ахуырады истори Ирыстоны биноныг иртæст нæма у, уыцы фарстайы фæдыл сæрмагонд куыстытæ нæма зыны.

Адæмон ахуырады историйы фæдыл фыццаг куыстытæ Ирыстоны рацыдысты мыхуыры, зæгъæм, Гасситы Афæхъойы, Хетæгкаты Къостайы, Байаты Гаппойы, С. Фарфоровскийы æмæ æндæр авторты уацтæ, фæлæ уыдысты хицæн ахуыргæнæндæтты тыххæй, кæнæ скъолаты ахуыры хъуыддаг XIX æнусы куыд рæзыд, уыцы куысты цы фæлтæрддзинад уыд, уый фæдыл.

Революцийы агъоммæ Ирыстоны рухсады историйы æмæ педагогон хъуыдыйы фæдыл советон дуджы цы литературæ фæзынд, уым дзæвгар хабæрттæ ис. Уыцы хабæрттæ æххæст хорз æвдисæн сты адæмон ахуырады уавæрæн Ирыстоны XVIII æнусы æмæ XX æнусы райдианы онг. Ахуырады системæйы уымæй размæйы æнтыстыты тыххæй хабæрттæ сæмбырд кодта профессор Тотойты Михал йæ чиныджы: «Адæмон ахуырад æмæ педагогон хъуыды революцийы агъоммæ Цæгат Ирыстоны». Чиныг рацыди 1962 азы Орджоникидзейы. Уыцы куысты дæр æмæ Цæгат Ирыстоны АССР-йы историйы академион рауагъды бæрæг хайадты адæмон ахуырады истори æвдыст цæуы æхсæнады рæзты фарстатимæ æнгом бастæй. Идеологон ориентиртæ ахуырады историйы тыхтъыст кæнынц сæхи пайдайыл дзурæг факттæ æмæ уымæй хъыгдарынц администрацийы архайдæн, рухсады зынгæ архайджыты сгуыхтытæ æмæ цæстæнгасæн раст аргъ скæнын. Рухсады системæ цадæггай куыд рæзыди XVIII æнусы æмбисæй суанг XX æнусы æмбисы онг, уый тыххæй бæлвырд æвдисæнтæ ис Чъерджиаты Хазбийы монографийы, йæ ном «Цæгат Ирыстоны адæмон ахуырады историйы тыххæй очерктæ». Уыцы чиныг мыхуыры фæзынди 1958 азы æмæ йæ банымайын хъæуы сæйрагдæр фактты хуыздæр æмбырдгондыл. Авторы къухы бафтыд Ирыстоны скъолаты рæзты ахсджиагдæр хъуыддæгтæ равдисын. В.В. Смиренины, А.И. Прохуренкойы, Галазты Æхсарбеджы, Хъулаты Булаты, Текъиты Василийы куыстыты та дзырдæуы культурон арæзтады историйыл, стæй Ирыстоны адæмон ахуырады историйы хицæн рæстæджытыл.

Фæлæ адæмон ахуырады тыххæй абоны онг цыдæриддæр мыхуыры фæзынд, уыдонæй, зæгъæн ис, иу дæр æцæгдзинад не ’вдисы, сты идеологон фæлгæтты æвæрд. Кæм æнтыстытæй æгæр æппæлынц, кæм хъуагдзинæдтæ æмбæхсынц. Афтæмæй национ скъолайы темæ баци адæмон ахуырады иумæйаг фæлгонцы аууон. Адæмон ахуырады фарст аразгæ сси политикон уавæртæй, Раст зæгъы Э.Д. Днепров: «Методологическое кредо таких работ исчерпывалось в основном трактовкой очередных партийных решений».

Уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны национ ахуырады истори бæлвырд раиртасыны æнæмæнг хъæугæ бындур хъуамæ суа ирон скъолайы рæзты фæндаг факттæм гæсгæ биноныгæй реконструкци скæнын. Уымæн æмæ адæмон ахуырады системæ æппæт бæстæйы куыд æвæрд уыд, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр национ скъола ахста сæрмагонд бынат æхсæнадон рæзты æмæ культурон эволюцийы фæндагыл.

Ныр та уымæ гæсгæ не хæс у:

— Цæгат Ирыстоны национ ахуырады историимæ баст æхсæнадон цаутæ æцæгдзинадæй куыд цыдысты, афтæ сæ кæрæдзийы фæдыл равæрын;

— Цæгат Ирыстоны национ ахуырады рæзтæн ахъаз чи уыд, уыцы политикон æмæ социалон-культурон цаутæ сбæлвырд кæнын;

— Цæгат Ирыстоны национ ахуырады истори рæстæггай куыд рæзыд æмæ алы заманты сæйрагдæр кæцырдæмыты здæхт уыд, уый раиртасын;

— ирон адæмы национ-культурон традицитæ бахъахъхъæныны хъуыдаджы ирон скъола куыд сахадыдта, уый раиртасын;

— Цæгат Ирыстоны национ ахуырыды рæзты историон фæлтæрддзинад æрнывыл кæнын.

Нæ куысты сæйраг бынат ахсынц паддзахадон æмæ дины кусæндæтты документтæ, уымæн æмæ уыдоны бæрны уыдысты алы заманты нæ Иры скъолатæ.

Хорз æххуыс нын фесты ахуыргæнджыты съездты æмæ наукон-практикон конференциты докладтæ æмæ раныхæстæ, стæй ирон скъолайæн йæ рæзты алы рæстæджыты цы ахуыргæнæн-методикон амындтытæ æмæ программæтæ арæзт цыди, уыдон. Стыр ахадындзинад ис культурæйы, наукæйæ æмæ рухсады зынгæ архайджыты сæрмагонд фондтæн, сæ мысинæгтæн, сæ фыстытæн. Адæмон ахуырады ахсджиаг фарстытæ бæлвырд æвдыст æрцыдысты Хетæгкаты Къостайы, Гасситы Афæхъойы, Байаты Гаппойы, Цæголты Георгийы, Уруймæгты Харитоны, Дзассохты Гигойы, Гарданты Михалы, Тыбылты Алыксандры публицистикæйы. Советон дуджы документтæн сæ фылдæр æфснайд сты Цæгат Ирыстоны Центрон паддзахадон архивы фондты æмæ Цæгат Ирыстоны гуманитарон-иртасæн институты архивы.

1. Национ ахуырады разистори. Адæмон ахуырад XVIII æнус æмæ XX æнусы райдианы

Ирыстоны ахуырады истори ног заманты райдыдта Мæздæджы ирон скъолайæ. Уыцы скъола байгом императоры указмæ гæсгæ 1764 азы 21 сентябры æмæ фæкуыста XVII æнусы 90-æм азты онг. Ирон скъолайы байгомыл ныхас райдыдта, Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны тыххæй тæрхæттæ куы цыди, уæд — 1749–1752 азты Бетъырбухы. Ирон сабиты ахуырыл бафтауын фæлвæрдтой Ирыстоны дины хъуыддæгтæгæнæг къамисы уæнгтæ, Мæздæджы скъола байгом кæныны размæ дæр.

Мæздæджы скъола уыди Хъызлары коменданты æвджид, ахуырады — хъомылады хæстæ та бакодтой Ирон дины хъуыддæгты къамисы бар. Ахуыр дзы райдыдтой 1766 азы. Скъоладзаутæ цардысты паддзахады хардзæй. Алы аз дæр сæ нымæц ивта, арæх-иу схæццæ суанг 50 адæймаджы онг. Уæвгæ та 1766 азæй фæстæмæ истой, «цал адæймаджы фæндыд ахуыр кæнын, уал», цæмæй къазна уæлдай хæрдзтæ ма кодтаид. Фыццаг аз ахуыр кодтой мадæлон æвзагыл, цæмæй хуыздæр æмбæрстаиккой, кæй сын амыдтой, уыцы æрмæг. Хъуамæ сæ рауайын кодтаиккой сауджынтæ æмæ аргъауджытæ ирæн сæхицæн. Синод Ирыстоны дингæнæг къамисæн сæрмагондæй фæдзæхста: «стараться, чтобы ученики этой школы никогда не забывали своего Природного языка».

Литературæйы æвдисæнтæ куыд дзурынц, афтæмæй Мæздæджы скъола ирон адæмы культурон царды сахадыдта куыд ахсджиаг фæрæз национ рухсад рæзыны æмæ национ фыссынады равзæрды хъуыддæгты. Мæздæджы скъолайы ахуыр ирон æвзагыл кæй цыд, уый фæахъаз ирон абетæ саразынæн. Мæздæджы епископ Гай æмæ сауджын Павел Генцауров (Хъесаты) сарæзтой ирон фыссынады системæ аргъуанты славяйнаг графикæйы бындурыл. Фыццаг ирон чиныг — цыбыр катехизис — джиппы уагъд æрцыди 1798 азы.

XIX æнусы фыццаг цыппæрæмхайы ирон æвзаг ахуыр кодтой Калачы дины семинары, ирон сауджынтæ кæм цæттæ кодтой, уым. Семинары ирон æвзаджы ахуыргæнæг Иван Ялгузидзе (Гæбæратæй) 1802 азы йæхæдæг сарæзта ирон абетæ гуырдзиаг графикæйы бындурыл, ноджы сарæзта фыццаг ирон абеты чиныг æмæ йæ рауагъта 1821 азы Калачы. Уыцы абеты чиныгæй ахуыр кодтой сывæллæттæ Ирыстоны скъолаты 1820-æм азты. Ялгузидзейы абеты чиныг сæйраг ахуыргæнæн фæрæз уыди 15 азы дæргъы. XIX æнусы Ирыстоны царды цы ахсджиаг социалон-политикон æмæ культурон фæзилæнтæ фæзынд, уыдон фæрцы гуырдзиаг абетæй рахизын бахъуыди кириллицæмæ.

1836 азы сентябры Дзæуджыхъæуы байгом дины скъола «ирон бонджынты, хицæутты цотæн æмæ иуæй-иу сидзæр сывæллæттæн». Скъолайы нысан уыд ирон хъæутæн дины кусджытæ бацæттæ кæнын, цæмæй дины куысты æдде ма сæ бон уыдаид ахуыргæнæджы куыст дæр зылдты скъолаты. Гуырдзиаг графикæ ивд æрцыд 1836 аз. Ирон æвзаг та скъолаты ахуыр кодтой А.М. Шегрены арæзт уырыссаг графикæмæ гæсгæ. Шегренæн ирон æвзаг сахуыр кæнынæн тынг æххуыс фесты скъолаты ахуыргæнджытæ. Уалынмæ 1844 азы мыхуырæй рацыд А.М. Шегрены «Ирон грамматикæ» ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон цыбыр дзырдуæттимæ.

Дзæуджыхъæуы дины скъолайы ахуыртæ райсомæй цыдысты «уырыссагау кæсынæй», сихорыл та «уырыссагау фыссынæй». Уый къуырисæр бон. Дыццæджы та райсомæй «иронау кæсынæй», стæй та «иронау фыссынæй». Афтæ иннæ бонты дæр кæсын æмæ фыссынæй уырыссагау дæр æмæ иронау дæр. Куыдфæстæмæ ирон уроктæ баивтой Хуыцауы закъонæй. Дзæуджыхъæуы дины скъола æхгæд æрцыд 1863 аз. Æнусы цыппæрæмхайы дæргъы уый рауагъта бирæ фæсивæд, фæстагмæ ирон культурæйы архайджытæ æмæ адæмон ахуырады кусджытæ чи ссис, ахæмтæ.

1837 азы паддзах Никъала I Кавказмæ куы ссыд, уæд ахæм хъуыды загъта, цæмæй полчъыты дæр æмæ батальонты штабы дæр кусой ахуыргонд лæгтæ. Æмæ паддзахы хъуыды уайтагъд царды рауагътой Кавказы зæххыл, паддзахадон скъолатæ сарæх сты. 1848 азы Дзæуджыхъæуы Навагинскы фистæгæфсæддон полчъы байгом скъола Кавказы адæмты нымаддæр лæгты цотæн. Хъуамæ дзы ахуыр кодтаиккой æфсæддон хъуыддагыл уырыссæгтæй 20, кавказаг алы адæмтæй та 30 лæппуйы. Се скъолайы программæйæ ницы бæрæг æвдисæн баззад.

1845 азы Кавказы фæзынди бынæттон хицауад. Йæ сæргълæууæг М.С. Воронцов, Кавказы адæмон ахуырады рæзт хибарæй цæмæй цыдаид, уый фарсхæцæг. Кавказы 1847 азы цы ахуырадон зылд арæзт æрцыд, уый Воронцовы фæидæй адæмон ахуырады министрады къухмæ нæ радтой. Уымæн æмæ ахуырады хъуыддæгтæм йæхæдæг йæ хъус дардта бынæттон хицауад. М.С. Воронцовмæ гæсгæ æппæт скъолаты дæр хъуамæ амыдтаиккой бынæттон æвзæгтæ, стæй ма суанг уырыссаг ахуырдзаутæ дæр хъуамæ ахуыр кодтаиккой бынæттон адæмтæй искæцыйы æвзаг. Æмæ Воронцовы дзырдæй скуыстой Кавказы æфсады æппæт æфсæддон скъолатæ дæр.

1857 азы æфсæддон хъомылгæнинæгты скъола лæвæрд æрцыди Дзæуджыхъæу Тенгинскы полкъмæ. Цыппар азы фæстæ та баиу Дзæуджыхъæуы хæххон зылды скъолаимæ. Кавказы хæсты фæуынмæ æмæ Кавказы зæххыл парахат административон реформæты рæстæг хæххон скъолаты размæ æрлæууыд ахсджиаг хæс — хæххон рæзгæ фæлтæры Уæрæсейы паддзахадæн ахъаз кæнынмæ цæттæ кæнын. Уыцы заманы Уагæвæрдмæ гæсгæ хæххон скъолаты байгом пансионтæ, ахуырдзаутæ се скъолаты мидæг куыд хъомыл кодтаиккой, афтæ, цæмæй хæххон фæсивæды зонды ныффидар уыдаид кады, цыты æцæг æгъдæуттæ, куыстуарзондзинады æмæ хæрзуаджы миниуджытæ.

Ахæм мадзæлттæй сæ хъуамæ Уæрæсейæн æцæг граждантæ рауадаид. Гъе уый уыди сæ ахуыры сæйраг нысан. Дзæуджыхъæуы хæххон скъолайы 1869 азы фыццæгæм январмæ уыди 167 ахуыргæнинаджы, уыдонæй 75 — уырыссæгтæ, 81 хæххон лæппутæй та ирæттæ — 68. Скъолайы ахуыр кодтой Хуыцауы закъон, пысылмæттæ та сæхи дин. Уымæй фæстæмæ уырыссаг æвзаг, географи, истори, арифметикæ алгебрæимæ æмхæццæйæ, геометрийы райдиантæ, сыгъдæг фыссын æмæ ныв кæнын. Ирон æвзаг ахуыры пъланмæ бахастой 1864 азы, кæд Уагæвæрды амынд нæ уыд, уæддæр. Йæ программæйы амынд уыдысты дины хабæрттæ, кувыны тексттæ ахуыр кæнын æмæ сæ иронмæ тæлмац кæнын, стæй Библи кæсын. 1867 азы хæххон скъолайæ рацарæзтой реалон прогимназ.

Ирон æвзаг дзы ахуыр кодтой, ахуыры пъланы нæ уыд, афтæмæй æрмæстдæр ирæттæ, пансионы чи цард, уыдон, уый дæр 1874 азы онг, прогимназæй реалон скъола куы сарæзтой, уæдмæ.

Цы скъолаты кой ракодтам, уыдонмæ истой фыццаджыдæр уæздæтты æмæ хъæздгуыты сывæллæтты. Скъоламæ алкæмæн дæр бацæуыны бар рардæуыди XIX æнусы 20-æм азты. Уæд алы рæтты гом кæнын байдыдтой аргъуанты цур фыццаг скъолатæ. Æмæ XIX æнусы 60-æм азтæм ахæм скъолатæ Ирыстоны скуыста æдæппæт авд. Ахуыргæнинæгты нымæц 107 ахуырдзауæй уæлæмæ нæма схызт.

XIX æнусы дæргъы кæрæй-кæронмæ дины разамынд йæ тых, йæ бонæй архайдта ирон адæмы ахуырыл æфтауыныл.

Сылгоймæгтæн дæр скъолатæ байгом кæныныл фæлварын байдыдтой суанг XIX æнусы 50-æм азты. Ахæм фæлварæн фыццагдæр сарæзтой дыууæ зæрдæргъæвд сылгоймаджы — Хъуыбадты æмæ Реуазты афицерты устытæ. Алчи дæр дзы йæхи хæдзары байгом кодта чысыл пансион чызджытæн, фæлæ сæ куыст бирæ нæ ахаста.

Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуаны сауджын æмæ дины скъолайы инспектор Колыты Аксо уыцы хъуыддаджы равдыста фыццаг лæгдзинад. Йæхи хардзæй хæдзары байгом кодта ирон чызджыты райдиан скъола. Уый фæкуыста 1918 азы онг. Колыйы-фырты фæстæ ахæм хъæппæрис равдыста салыгæрдæйнаг сауджын Гатуты Алыксандр.

Кавказы хæст куы фæци æмæ буржуазон реформæтæ куы сарæх сты, уыцы заман ахуырады системæ дæр Кавказы раивта. Хицауады размæ æрлæууыди бæстæ сабыр царды цæлхвæдыл саразыны хæс. Реформаторты хъуыдымæ гæсгæ скъолайы нысан уыди бынæттон кадртæ цæттæ кæнын, Кавказы фæсвæд бынæттæ Уæрæсейы метрополиимæ культурон æгъдауæй бабæттыныл бацархайын.

Скъолаты реформæйы рæстæг тох рапарахат принципиалон æгъдауæй ахсджиаг фарсты фæдыл, национ регионты скъолаты æвзаг ахуыр кæныныл. Райдиан адæмон скъолаты уагæвæрд амыдта ахуыр сыгъдæг уырыссаг æвзагыл аразын. Уæды заманы рухсады министр Д.А. Толстой та императорæы йæ дзуаппы амыдта: «Цель инородческого образования — сближение инородческих племен с господствующим русским населением, иостепенное слияние их с русскою цивилизациею».

Æмæ уалынмæ куы æркастысты, уæд ирон сывæллæттæ уырыссаг æвзаг кæй нæ зыдтой, уымæ гæсгæ хицауады бахъуыди Кавказаг скъолаты райдиан кълæстæн ахæм ахуыргæнджытæ агурын, мадæлон æвзаг чи зыдта. Ирыстоны аргъуанты скъолатæм ахуыргæнджытæй æрвыстой сауджынты. Фæлæ та хъуыддаг афтæ рауад, æмæ уыцы райдиан скъолатæ аргъуантæй уæлдай ницы уыдысты, уымæн æмæ ахуыр кодтой æрмæст дины хабæрттæ. Уалынмæ дзы кæцыдæр скъолатæ сæхгæдтой (уæлдайдæр хæххон чысыл хъæуты), цас æмбæлы, уыйбæрц ахуыргæнинæгтæ сæм кæй не ’мбырд кодта, уый аххосæй.

Ахуыры хъуыддаг уæдмæ бакодтой Кавказы ахуырады зылды къухы. Æмæ уæд, ахуыргæнджытæй дзы чи куыста, уыдоны æвæстиатæй баивтой, сæрмагонд педагогон ахуырдзинад кæмæ уыд, ахæм лæгтæй. Ахуыры пълантæ та сарæзтой, Адæмон рухсады министрады программæтæ куыд амыдтой, афтæ. Уый хынцгæйæ аргъуанты цур скъолаты ахуыртæ цыдысты бынæттон адæмы æвзагыл кæсын æмæ фыссынæй, уырыссаг æвзаг кæсын æмæ фыссынæй, стæй уырыссаг æвзагыл дзурынæй, кувынæй, цыбыр катехизис æмæ историйæ; Уыцы æгъдæуттæ, буржуазон реформæты дуг æвдисæг уагæвæрдтæ 15 азы фæстæ цард йæхæдæг ахахх кодта, æмæ ралæууыд контрреформæты дуг. Скъола йæ цæсгом аивта æмæ та сси дины ахуырады фæрæз. Ушинскийы чиныг «Родная речь» ивд æрцыди Викторины лæмæгъ чиныгæй. Программæтæм та ма бафтыдтой славяйнаг æвзаг.

Дзæуджыхъæуы епархийы скъолайы совет 1898 аз синодмæ сидти, кæд æмæ, дам, аргъуаны скъолатæн рухсады ахадындзинад ис уырысы æхсæн, уæд туземæгты æхсæн та скъола у миссионерты артдзæст... Ирыстоны ахæм скъолатæ сты рационализм тауæг, чырыстон динæй тынг дард чи лæууы, ахæмтæ. Уый та уымæн, æмæ Уæрæсейы хицауад ирон адæммæ касти йæхирдыгон цæстæй мæнæ ахæм хъуыдыимæ: «Уæрæсейы хидауад Иры зæххыл фидар куы ’рлæууа, уæд йæ æлдариуæгдзинад æххæсдзæни Кавказы хæхты иннæ рæттæм дæр».

Ирыстон Кавказы рæгъты фæйнæфарс ахсы ахсджиаг зæххытæ, лæууы стратегион ахъаззаг фæндæгты æлхынцъыл. Ир сты æгас Кавказы зыбыты иунæг индоевропæйаг адæмыхатт, сæ дзæвгар фылдæр хай чырыстон диныл хæст. Æмæ дзы Уæрæсе федта йæ æгъдæнцой æгас Кавказы адæмты хъауджыдæр. Уымæ гæсгæ ирæн ис уæлдай аргъ. Уый хынцгæйæ, Ирыстоны рæзыди скъолаты нымæц, рæвдз рапарахат ахуырады хъуыддаг. Æмæ рухсады хъуыддæгтæй Ир уыйадыл бирæ фæраздæр сыхаг иннæ адæмтæй.

Æрмæст XIX æнусы кæрон байдыдтой скъолатæ гом кæнын Пысылмон хъæуты дæр. Зæгъæм, фыццаг скъола байгом 1886 азы Елхоты. XIX æнусы 90-æм азты сæхи хъарутæй скъолатæ байгом кодтой Санаты æфсымæрты Бруты, фыссæг Тугъанты Батырбег — Дур-Дуры, Цæлыккаты инæлар — Пысылмонхъæуы.

1900-æм азты куыст рапарахат дины скъолаты бæсты министрады скъолатæ гом кæныныл. Ууыл бакуыста Терчы зылды адæмон скъолаты разамынд. Йæ амидингæнджытæ уыдысты ирон зындгонд ахуыргæнджытæ Дзассохты Гиго, Гарданты Михал, Тхостаты Саукуыдз., Уруймæгты Харитон æмæ æндæртæ. Дины скъолатæ бахъахъхъæныныл та йæ тых, йæ бонæй æрхайдта Хъодзаты Алыксандр, ирон скъолатæм епархион цæстдарæг. Æмæ йын æхсæны кусджытæ нæ ныххатыр кодтой, раззагдæр ахуыргæнджыты ныхмæ карзæй кæй ныллæууыд, уый.

1906 азы та епархион ног цæстдарæг афтæ, мæнмæ гæсгæ, дам, дины скъолатыл миссионерты аудындзинадæн йæ кæрон æрцыд. Уыцы скъолатæ, дам, адæмæн хорзæй ницы фесты. Уымæ гæсгæ, дам, министрады скъолатæй тæрсын нæ хъæуы, адæмæн сæхи фæндон кæй сты, уый хынцгæйæ, стæй сын рухсады нысантæ кæй ис, уымæ гæсгæ.

XIX æнусы кæронмæ ма Цæгат Ирыстоны куыста 32 дины скъолайы æмæ 23 адæмон скъолайы, 1917 азмæ адæмон скъолатæ та баисты 35.

Фарны хъуыддагыл банымаинаг у сылгоймæгты скъолаты куыст. XIX æнусы 70-æм азтæм Ирыстоны куыста сылгоймæгты райдиан 6 скъолайы, æгас Цæгат Кавказы иунæг ахæм скъола дæр нæ уыди. Колыты Аксо чызджытæн цы скъола байгом кодта 1866 азы, уый та уæдмæ сси æртæкъласон пансион. Уалынмæ йæ йæхи номæй схуыдта, ам Дзæуджыхъæуы уæвгæйæ, къниаз Федоры чызг Ольгæ. Æмæ историйы баззади Дзæуджыхъæуы Ольгæ Федоровнæйы номыл ирон сылгоймæгты скъола, зæгъгæ, афтæмæй, æмæ дзы æнæхъæн Ирыстон сæрыстыр уыди. 1891 азы дзы сарæзтой сылгоймæгты приют училищеимæ, 1916 аза та — сылгоймæгты дыууæкъласон ахуыргæнджыты скъола.

1914 азы документтæм гæсгæ Ирыстоны дины скъолаты ахуыр кодта 4055 адæймаджы, уыдонæй 1089 чызджытæ. Скъолатæй бирæтæ куыстой хуыцаубонты æмæ изæрон кълæсты — хъомыл адæмæй ахуыр кæнын кæй фæндыд, уыдон. Цæлыккаты Ахмæт раст загъта: адæмон ахуырад рапарахат кæнынæй æрмæст иунæг Ирыстонæн уыди аккаг фадæттæ иннæ адæмты ’хсæн. Ам бахынцинаг у æппæты фыццаг дзыллон райдиан «ирон» скъола.

XX æнусы райдианты Дзæуджыхъæуы скуыстой астæуккаг скъолатæ дæр: иæлгоймæгтæн дæр æмæ сылгоймæгтæн дæр фæйнæ дыууæ гимназы, дыууæ реалон училищейы, фæндæгты техникум, ахуыргæнджыты семинар, ахуыргæнджыты институт æмæ кадетты корпус. Уыцы скъолатæ сеппæт дæр куыстой Уæрæсейы æппæт скъолаты иумæйаг программæтæм гæсгæ. Ирон æвзаг дзы никæцы ран ахуыр кодтой.

Æндæр хъуыддаг у Æрыдоны дины училище (байгом 1887 азы). 1895-æм азы дзы рауади Миссионерон дины семинар, 1909 азæй фæстæмæ та сси хуымæтæджы семинар. Цæттæ кодта ирон сауджынтæ æмæ дины скъолатæн ахуыргæнджытæ. Æппæт фæсивæд дæр æнæкъуылымпыйæ ахуыр кодтой ирон æвзаг.

Ирон æвзаджы уæды программæты кæсæм: ацы скъолайы сæйраг нысан у хъомылгæнинæгты алтары службæгæнæджы куыстмæ цæттæ кæнын æмæ Хуыцауы закъон бæстон базонын ирон æвзагыл. Уый хынцгæйæ, ирон æвзаг ацы скъолайы у сæйраг, цæмæй йæ ахуырдзаутæ бæстон бамбарой базонæй аргъуаны куыст практикон æмæ теоретикон æгъдауæй дæр. Æрыдоны семинарæй рауади гуманитарон интеллигенцийы æмæ ахуыргæнджыты кадртæ цæттæгæнæн артдзæст, ахуыры фæндагыл дарддæр Уæрæсейы уæлдæр скъолатæм кæцæй æфтыдысты, ахæм трамплин.

Фæлæ ам ногæй раздæхæм райдиан ахуырады системæмæ. Ирæттæ кæм ахуыр кодтой, уыдоны хуыдтой «ирон скъолатæ». Фæлæ цымæ æрмæст этнографион хъуыды уыд уыцы номы?

Цы бар дардтой «ирон скъолатæ» революцийы агъоммæ национ ахуырады стыр хъуыддæгтæм?

Зæрдыл æрлæууын кæнæм, XIX æнус кæй уыд буржуазон ахастдзинæдты равзæрды æмæ рæйрæзты дуг Ирыстоны. Гъе æмæ уыцы рæстæг сси иры нацийы химбарынады æмæ ирон национ культурæ æвзæрыны дуг. XIX æнусы 60-æм азты æхсæнад йе ’ргом раздæхта рухсады хъуыддæгтæм, ир сæхи æмбарын куы байдыдтой, уæд. Уæд фæзынди ахуыргонд ирæтты фыццаг фæлтæр. Интеллигенцийы фæзындимæ та æргом ирон æхсæиады ног цæсгом. Ир агурын байдыдтой сæхи фæндаг дунейы. Истори куыд амоны, афтæмæй ирон адæмæн XIII–XIV æнусты фесæфти сæ паддзахад, сæ къухæй ахаудтой лæгъз быдырты бирæ зæххытæ, стæй сæ нымæцæй фæхъуыди тынг бирæ.

Ир сæхиуыл ногæй схæцыдысты XIX æнусы дыккаг æмбисы æмæ XX æнусы фыццаг цыппæрæм хайы. Национ химбарынад сæм зынын куы байдыдта, уæд сæ культурон архайды ахсджиаг бынат бацахстой æвзаджы фарстатæ. Андрей Шегрены æмæ Всеволод Миллеры æвзагзоныныды фæллæйттæ систы ирон культурæйы цæджындзтæ, æмæ æхсæнады æппæт фæлтæртæ дæр се ’ргом аздæхтой Иры историмæ æмæ филологимæ. Иу литературон æвзаг æмæ мадæлон æвзагыл скъолайы ахуырад систы ирон интеллигенцийы ахсджиагдæр нысантæ.

1860 азы ирон приходты æмæ Хæстон-Ирон зылды сæргълæууæг архимандрит Иосиф (И.И. Чепиговский) сæрмагонд фыстæджы загъта йæ хъуыды: цавæр мадзæлттæ хъæуы ирон адæмæн сæ ахуыры хъуыддаг сæхи мадæлон æвзагыл саразыны тыххæй? Чепиговский уыди украинаг, сахуыр кодта ирон æвзаг æмæ сарæзта ирон абеты чиныг. Дины кусæг ахæм тагъд хъуыдымæ æрцыд: ис æппæт фадæттæ дæр ирон адæмы ахуырад тагъд æмæ раст фæндагыл саразынæн. Архимандрит Иосиф ахъаззаг фæрæзыл нымадта, ирон адæммæ сæхи фыссынад кæй ис Шегрены грамматикæимæ æмæ Йосифæн йæхи арæзт абеты чиныгимæ, уый. Уыцы хъуыддаджы сæйрагдæр та уый у, æмæ ирæттæн сæхицæй кæй ис фаг ахуыргонд адæм, сæхи мадæлон æвзаджы æмæ уырыссаг æвзаджы грамматикæ хорз чи зоны æмæ йе ’мбæстаг адæмæн баххуыс кæнынмæ цæттæ чи у, ахæмтæ. Йосифæн йæ хуыздæр æххуысгæнджытæ уыдысты сауджынтæ Колыты А., Сухиты М., Алæджыхъуаты А., ахуыргæнджытæ Дзускуаты С, Хъараты Е., Хъантемыраты Г. Æмæ Йосифы фæндтæ фæрæстмæ сты — ацы лæгтæй аразгæ цы уыд, уыдæттæ къухы бафтыдысты: абеты чиныг уагъд æрцыди 1861 азы, дины æмæахуыры литературæйы чингуытæ ратæлмац кодтой ирон æвзагмæ. Колыты Аксо йæхи хæдзары байгом кодта ирон чызджытæн фыццаг скъола. Уыцы ахуыргонд лæгтæ æрвылбон сæ хъарутыл нæ ауæрстой ирон адæмы æхсæн ахуырад парахат кæныны тыххæй.

Фæлæ уæддæр ирæтты ’хсæн национ ахуырады хъуыддаг парахатæй нæ фенкъуыст йæ бынатæй. Уым сæйрагдæр аххосджын уыди ахуырады паддзахадон системæ. Уый, Цæлыккаты Ахмæты загъдау, империйы адæмы фæдих кодта «хи цот æмæ фыдыусы цотыл». Рухсады министр 1867 азы йæ бæстон дзуаппон доклады дзæгъæлы нæ амыдта: бæстæйы цы алымыггаг адæмтæ цæры, уыдоны ахуыры нысан у сеппæтæй дæр уырыссæгтæ саразын æмæ сæ уырыссаг адæмимæ сæмхæццæ кæнын.

Фæлæ уыцы русификацийы принцип нæ амыдта мадæлон æвзагыл къух сисын, кæд ыл паддзахад йæ арм нæ дардта, уæддæр. Рухсады хъуыддаджы паддзахады политикæ арæзт уыди уырыссаг скъолаты рæзтæн ахъаз кæнынмæ. Бирæнацион Уæрæсейы фæскъуымты та сывæллæттæн сæ ахуыры пайдагонд цыди мадæлон æвзагæй, скъоламæ бацæуыны агъоммæ уырыссаг æвзаг чи нæ зыдта, уыдоны ахуырæн.

Уæвгæ та-иу ирон сабитæ сæ ахуыр иронау райдыдтой æрмæстдæр Хуыцауы закъонæй, уый дæр нывтæм гæсгæ ахуыргæнæджы амындтытæй æмæ архимандрит Йосифы абеты чиныгæй — дины тексттæ иронау дæр æмæ уырыссагау дæр кæм уыдысты, уымæй. Уæдæ зын зæгъæн у, ирон сабитæ сæ мадæлон æвзаг нывыл ахуыр кодтой, зæгъгæ. Уырыссаг ныхæстæ бæлвырд кæй не ’мбæрстой, уымæ гæсгæ ахуыры æрмæг æххæстæй бамбарын сæ бон нæ уыд.

Фæлæ ирон æвзагыл суанг ахæм кадавар ахуыр дæр æгæр фæкасти Дзæуджыхъæуы зылды хицæуттæм. Æмæ сæ рапорты 1868 азы 26 июны Терчы зылды хицаумæ фыстой, ацы адæмæй, дам, æнæуи дæр иннæ кавказæгтæ тынг разы не сты æмæ ма, дам, сын дин дæр ахъаз у уырысмæ æввахсдæр уæвынæн. Уымæ гæсгæ, дам, уырыссаг æвзаг æхсызгон хъæуы ирæтты, уырысырдæм здæхт кæй сты, уый тыххæй. Зын раиртасæн нæу хицауады «политикон» хъуыды, ома, дам, ирон æвзагыл ахуыр æрæджы æрхъуыдыгонд у, стæй, дам, уырыссаг æмæ ирон алфавиттæй иу чи зоны, уымæн æнцон ахизæн у иннæмæ дæр. Хицауад дарддæр æрцыдысты ахæм хъуыдымæ: æппæт ирон скъолатæ дæр сæ ахуыр æнæдызæрдыгæй райдайæнт уырыссаг æвзагыл. Уыциу рæстæг ахуыр кæнæнт иронау дæр, чингуытæ сын уырыссæгтæм гæсгæ саразæнт, афтæмæй. Æмæ кæд скъолаты закъонмæ гæсгæ фадат уыди мадæлон æвзаджы хъуыддаг фæсæйрагдæр кæнынæн, уæддæр хицауады фæндæй ирон æвзагыл ахуыр скъолаты «фæкъуда». 1873 азы 22 ноябры Кавказы скъолаты ахуыры хъуыддаг рацаразыны æгъдæуттæм гæсгæ мадæлон æвзаг сæ бон ахуыр кæнын уыд астæуккаг скъолаты цæттæгæнæн кълæсты æмæ фыццаг цыппар къласы ахуырдзаутæн — æрмæст, кæй фæндыд, уыдонæн. Уый фæстæ та дарддæр хъуамæ ахуыр кодтаиккой уырыссаг æвзагыл — æппæт предметтæ дæр æппæт кълæсты дæр.

Æмæ нæ разынди нæдæр Ирыстоны, нæдæр уый æдде суанг уыцы «къуда» фадæттæй дæр спайда кæныны фарс дзурджытæ. Уæвгæ мадæлон æвзаг ахуыр кæнæнт, кæй фæнды, уыдон, зæгъгæ, уыцы дзырдбаст замманай фадат лæвæрдта, фæндæтты иувæрсты хизынæн, ницæмæ сæ дарынæн.

Уæрæсейы скъолаты инспектор 1876 азы 15 январы йæ барджын ныхас бахаста Терчы зылды хицаумæ ирон скъолаты уавæры тыххæй. Æмæ хъыг кæны, скъолайы нысантæ адæмы фæндиаг не сты, зæгъгæ. Адæм, дам, сæ цоты куы раттынц скъоламæ, куы сæ фæстæмæ ракæнынц, бæлвырд бæрæг, дам, сын ницы зонæм сæ ахуырæн. Æмæ инспектор уыцы ракæ-бакæтæн кæрон скæнынæн ссардта иу мадзал. Уæрæсейы зæххыл сабийæн æгъгъæд у иунæг афæдз дæр скъоламæ фæцæуын, уымæн æмæ дзы кæсын æмæ фыссын базондзæн йæхи ’взагыл. Æндæр хъуыддаг у Ирыстоны, уырыссаг æвзаг æндæриан кæм у, уым. Афтæмæй та уыцы æвзаг иунæг у сывæллæтты ахуыры пъланы. Ирон абетæ, дам, æрхъуыды кодтой уырыс сæхæдæг (колониалон чиновникы рæдыд хъуыды. — Б.Р.) ирон æвзагыл та сæмбæлæн ис æрмæст дины чингуыты. Чырыстон дин сног кæныны æхсæнад кæй рауагъта, уыдоны. Куыд уынут, афтæмæй хицауад замманай рахæцæн ссардтой: æрмæст дины чингуыты, сæмбæлæм ирон æвзагыл. Хатдзæг: ирон æвзагæн официалон нысаниуæг нæй æмæ йæ радде хъæуы ахуыры программæтæй.

Уыцы рæстæджы хъуыстгонд уырыссаг ахуыргæнджытæ К.Д. Ушинский, Н.И. Ильминский æмæ иннæтæ та сæ фæллæйтты равдыстой, сывæллæтты мадæлон æвзагыл ахуыр кæнын æнæмæнг кæй хъæуы, уый. Бынæттон разамынды къухæй фидаргонд ахуыры пълан 1881 азы амыдта: скъоламæ фыццаг аз бацæуæг саби хъуамæ ахуыр кæна сыгъдæг мадæлон æвзагыл. Фæлæ дины скъолатæ сæ куыст бакодтой уæддæр. Ирæттæ аздæхтысты уырысырдæм. Уруймæгты Харитон куыд фыста, афтæмæй ирон æвзаг скъолайы уыди æрмæстдæр ахъаззаг фæрæз, сабитæ уырыссаг æвзаг ахуыр кæнынмæ рæвдздæр цæмæй здæхой, уымæн. Ахуыры пъланы амынд предметтæн иронау ахуыргæнæн нæ уыд, ирон чингуытæ кæй нæ уыд, уый фыдæй дæр. Æмæ кæд ирон æвзаг, куыд ахуыры предмет, нæ хаудта ахуыры курсмæ, уæд уымæн æмæ мадæлон æвзагыл ницавæр чиныг ссарæн уыд.

Афтæ куырмæлхынцъ бастæй баззад ирон æвзаджы хъуыддаг XIX æнусы. Уалынмæ 1890 азы мыхуырæй рацыди ног чиныг «Ирон абетæ», йæ автор — Хъаныхъуаты Алмахситт. Уый фæстæ фæзындысты фыццаг литературон чингуытæ — Къубалты Алыксандры «Æфхæрдты Хæсанæ» (1897 азы) æмæ Хетæгкаты Къостайы«Ирон фæндыр» (1899 азы), паддзахады ’рдыгæй сын æппындæр ницы æххуыс уыд, афтæмæй.

Уæдæ ирон ахуыргонд адæмы фæндæттæ дæр (сывæллæтты ирон æвзагыл ахуыр кæныны фæдыл) баззадысты ныхæстæй. Фыццагдæр мадæлон æвзаджы тыххæй фарст бæрзонд систа философ, публицист æмæ æхсæны кусæг Гасситы Афæхъо. Уый фыста: «Главная беда или зло наших школ — это язык. Детей учат не на родном языке. Ведь, подумаешь, — не анахронизм ли это в наш педагогический век!» — фыста Гассийы-фырт 1877 азы.

Скъолайы куыст адæмы культурон царды фарстатимæ бæттыныл тох бацайдагъ XX æнусы райдианы. Уый тыххæй газетты фыссын байдыдтой Цæголты Георги, Дзасохты Гиго, Уруймæгты Харитон, Гарданты Михал æмæ æндæр ахуыргонд лæгтæ. Ныззæланг кодта Кавказы æмæ æппæт Уæрæсейы раззагдæр рухстауджыты æмæ ахуыргæнджыты нæргæ хъæлæс. Кавказы скъолаты ахуыры хъуыддаг нывыл æвæрд кæй нæу, уыцы хабæрттæ бахыгъта гуырдзиаг номдзыд ахуыргæнæг. Я. Гогебашвили: мадæлон æвзаг иппæрд цæуы куыд ахуыры программæйы æнæхъуаджы æвзаг, æгадæ-дзыты бынатмæ йæ тыхамæлттæй æппарынц: уырыссаг æвзаг ахуыр кæныны методикæйы та ис ахъаззаг сахъæттæ, афтæмæй бынтон æдзæттæ сывæллæтты ахуыр кæнын райдайынц уыцы методикæмæ гæсгæ.

1901 азы сæрды байгом Цæгат Ирыстоны аргъуанты скъолаты ахуыргæнджыты æмбырд. Йæ размæ æрæвæрдта стыр хæс — ирон æвзаджы ахуыргæнæн чингуытæ аразын райдайын, ахуыргæнджыты æхсæн кæрæдзийæн æххуыс кæныны Æхсæнад саразын; ахуыргæнæн чингуыты скълад æмæ ахуыргæнджыты библиотекæ байгом кæнын.

Фæлæ æмбырды хабæрттæ Кавказы ахуыргæнæн зылды разамындмæ тагъд нæ байхъуыстысты. Æмæ ма суанг 1903 азы дæр сæрыстыр уыдысты, скъолаты ахуыр «сыгъдæг уырыссаг æвзагыл» кæй цæуы, уымæй. Æрмæстдæр революцион 1905 азы Кавказы бынæттон хицау граф И.И. Воронцов-Дашков уынаффæ рахаста райдиан скъолаты æппæт предметтæ дæр, чи дзы ахуыр кæны, уыцы сабиты мадæлон æвзагыл арæзт куыд уой, уый тыххæй. Скъолатæн сæрмагондæй ахæм бар лæвæрд æрцыди 1905 азы 29 октябры.

Фæлæ та Ирыстон цæттæ нæ уыд уыцы æвæджиау фадатæй фæпайда кæнынмæ дæр. Ахуыргæнджыты съезд 1905 азы 10–16 августы æрмæстдæр бадомдта «мадæлон æвзаг хаст æрцæуæд программæмæ куыд æнæмæнг ахуыргæнинаг предмет». Съезды иннæ домæнтæ уыдысты ахæмтæ: аргъуанты скъолаты адæмон скъолатæ схонын, Хуыцауы закъоны курс фæцыбырдæр кæнын, программæйæ славяйнаг æвзаг аппарын, скъолаты программæтæм æрдззонæны истори æмæ хъæууон хæдзарады фарстатæ бахæссын. Мадæлон æвзаг программæтæм бахæссын, куыд сывæллæтты раст хъомылады фæрæз, зæгъгæ, Педагогон советмæ уый фæдыл сæ курдиаттæ барвыстой Дзæуджыхъæуы Ольгæйы номыл сылгоймæгты приюты ахуырдзаутæ дæр. Æмæ национ змæлдæй скъолатæ фæиппæрд кæныны охыл епархийы цæстдарæг бахаста фæндон ирон скъолатæм уырыссаг ахуыргæнджытæ æрвитыны тыххæй, ирон ахуыргæнджытæ, дам, фаг цæттæгонд кæй не сты, уый тыххæй.

Революцийы басасты фæстæ дæр хицауад архайдта скъолаты фæдыл адæмы домæнтæ басæттыныл. Фæлæ уæддæр XX æнусы райдайæны æппæты ахъаззагдæр æнтыстыл банымайын хъæуы, скъолаты программæтæм æнæмæнг ахуыргæнинаг предметы хуызы ирон æвзаг хаст кæй æрцыд, уый.

Мадæлон æвзагыл ахуыргæнæн чингуытæ кæй нæ уыд, уый стыр къуылымпыйы хос фæци хъуыддагæн. Суанг ма Хъаныхъуаты Алмахситты абеты чиныг дæр æнцон ссарæн нæ уыди. Никуы йæ уæй кодтой. Афтæ фыста зылды цæстдарæг йæ дзуаппы 1915 азы. Хуыцауы закъон ахуыр кæныны хъуыддаджы зындзинæдтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ цæстдарæг курдиат барвыста училищейы советмæ, «Закъонамонджытæ æрмæг мадæлон æвзагыл цæмæй дæттой, уый тыххæй».

2. Адæмон ахуырады фæндæгтæ революци æмæ мидхæсты заман

Фыццаг дунеон хæсты заман адæмон ахуырады хъуыддæгтæ дæр ныссуйтæ сты. Ахуыргæнджытæй бирæтæм фæсидтысты æфсадмæ. Бонæй-бонмæ фылдæр кодтой, скъола чи ныууагъта, уыцы ахуырдзаутæ. Уæдæ цард дæр бынтон смæгуыр. 1916–17 ахуыры аз та афоныл дæр нæ райдыдта. Уæдæ февралы революци дæр 1917 азы ницы фæахъаз цард фæхуыздæрæн. Уый нæ, фæлæ ма Ирыстоны скъолаты ахуыры æмæ хъомылады куыст цаудæй-цауддæр кодта.

Уыцы тыхст заман ирон ахуыргæнджыты къорд ахуыргонд лæгты æххуысæй ныллæууыдысты «не скъолатæ сног кæныны» хъуыдыйыл. Уый адыл 1917 азы майы байгом стыр æмбырд. Уым равзæрстой сæрмагонд Бюро ахыргæнджыты съезд саразыны тыххæй, Бюромæ равзæрстой адæмон ахуырады зынгæдæр лæгты — Уруймæгты Харитоны, Æмбалты Цоцкойы, Гуыриаты Гагуыдзы, Гарданты Михалы, Тхостаты Саукуыдзы — æмæ иннæты. Бюромæ снысан кодтой курдиатджын æрыгон ахуыргæнджытæй дæр кæйдæрты.

Æппæт ирон адæмы ахуыргæнджыты съезд байгом Дзæуджыхъæуы 1917 азы 10-æм июлы æмæ ахаста 16 июльмæ. Уым критикон цæстæй æркастысты райдиан скъолаты программæтæм, æрдзырдтой ахуыргæнджытæ цæттæ кæныны хъуыддагыл. Сбæрæг кодтой ахуырады курс райдиан, астæуккаг æмæ педагогон скъолатæн. Ноджы дзы ныхас цыди уыцы иухуызон графикæ æмæ орфографи сфидар кæныныл, ног скъолатæ, стæй кавказиртасæг уæлдæр ахуыргæнæндон байгом кæныныл, уыимæ дзы ирзонынады кафедрæ куыд уыдаид, афтæмæй. Делегаттæ хъæддыхæй дзырдтой ирон скъолатæн æмбæлгæ разамынд сæвæрыныл.

Съезд байхъуыста Уруймæгты Харитоны докладмæ «Желательный тип национальной школы в Осетии, предметы преподования, объем и содержание этих предметов», Доклады фæдыл съезд рахаста уынаффæ æмæ скодта хатдзæг: ирон райдиан скъолайæн йæ куыст хъуамæ арæзт цæуа ирон адæмæн се ’взаг, сæ цардыуаг, се ’гъдæуттæ, сæ историон ивгъуыд заманты хабæрттæ хынцгæйæ. Уымæ гæсгæ ирон скъолайæн йæ бындуры хъуамæ æвæрд уа мадæлон æвзаг. Уыцы ’взагыл хъуамæ ахуыр кæной программæйы предметтæ ирон сабитæ. Æмæ райдиан ирон скъолайы курсæн съезд бацамыдта: мадæлон æвзаг, æрдззонæн, арифметикæ, геометри, уырыссаг æвзаг, истори æхсæнадзонæн цалдæр урокимæ, географи, нывгæнынад, зарын, гимнастикæ æмæ къухмийыл ахуыр уроктæ. Съезд бахыгъта, уырыссаг æвзагæн стыр ахадындзинад кæй ис, Ирыстон культурон æгъдауæй баст кæй у Уæрæсеимæ, уымæ гæсгæ уырыссаг æвзагæн ирон адæмон скъолаты раттын хъæуы аккаг бынат. Сывæллæтты уырыссагау ахуыр кæнын райдайын хъæуы дыккаг ахуыры азы фыццаг æмбисæй, амал кæм ис, уым та суанг фыццаг азы дыккаг æмбисæй дæр.

Ахуыргæнæн программæтыл бакусын съезд бафæдзæхста сæрмагонд къамистæн. Съезд бацамыдта ирон райдиан скъола æхсæз азы æмгъуыдмæ фæуын. Скъоламæ та æппынкъаддæр авдаздзыдты исын. Уымæй хистæртæй ахуыр кæнын кæй фæнды, уыдонæн бар дæттын. Ахуырады æмæ хъомылады нысанты тыххæй съезд хорзыл банымадта Гæдиаты Цомахъы фæндон. Уый амыдта, ирон скъола кæй тырны зондахастæй дæр, уæнгты хъаруйæ дæр сабийы фаг сырæзын кæнынмæ, цæмæй дзы рауайа алцæмæ дæр хæрзарæхст лæг, фæллойуарзаг, кадылмæлæг, сфæлдыстады хъуыддæгтæм æмæ хи адæмы сагъæстæм хъус дарæг адæймаг.

Дины скъолаты уавæрыл биноныг ныхасы фæстæ съезд рахаста уынаффæ, æнæмæнг сæ министрады скъолаты уагмæ раивын кæй хъæуы, уый тыххæй.

Адæмон ахуырадæн разамынды ахсджиаг фарстатыл æртæрхон кæнгæйæ æппæт Иры ахуыргæнджыты съезд йæ фæстаг ныхас аргъæвта, бынæттон хиуынаффæйады системæ цалынмæ биноныггонд æрцæуа, уæдмæ. Æмæ уал «Ирон скъолайæн разымынды тыххæй» Гарданты Михалы доклады фæдыл бацыди фæндон, скъолаты хъуыддæгтæн æппæт Ирыстоны дæр иу уаг, иу дзуапдæттæг цæмæй уа, уый тыххæй. Æмæ съезд бауынаффæ кодта Училищеты совет саразын рæстæгмæйы хицауады бынæттон оргæны. Ахæм Советмæ съезд равзæрста æртæ адæймаджы — Уруймæгты Харитоны, Гæдиаты Цомахъы æмæ сылгоймаг делегат Гæздæнты С.

Ахуыргæнджыты фыццаг ирон съезд æппæт Иры скъолаты разамынды размæ æрæвæрдта ахсджиаг хæс: тагъддæр бацархайын хъæуы æппæтон, æнæмæнг æмæ лæвар ахуыры принцип царды рауадзыныл.

Райдиан скъолатæн ахуыргæнджытæ цæттæ кæныны тыххæй съезд рахаста уынаффæ цыбыр æмгъуыдмæйы сæрдыгон курсытæ Дзæуджыхъæуы байгом кæнын, стæй ахуыргæнджыты 2 семинары (Цæгат æмæ Хуссар Иры) æмæ ахуыргæнджыты институт байгом кæныны тыххæй. Съезд ноджы байхъуыста цалдæр докладмæ, стæй дзы ныхас цыд ахуыргæнæн чингуытыл, ирон фыссынадыл, сылгоймæгты ирон скъола дыууæкъласон скæныныл, стæй æндæр фарстыты тыххæй. Уæлдай ахсджиагдæр уыди съезды уынаффæ ирон графикæ æмæ орфографийы фарстыты фæдыл. Ирон æвзагыл уыцы иухуызон графикæ сфидар кæныны тыххæй Æлборты Барисы доклады фæдыл хаст æрцыд уынаффæ алфавит кириллицæйы бындурыл рацаразыны тыххæй.

Æппæт ирон адæмы ахуыргæнджыты Фыццаг съездæн йæ бындурондæр хъуыддæгтæй иу уыд ирон ахуыргæнджыты цæдис саразын. Съезд сразы уагæвæрдыл æмæ равзæрста бюро — цæдисæн разамонæг оргæн.

Фæлæ съезды куысты бæрæггæнæнтæм советон историографи æркасти политикон цæстæй, ома съезд нæ сарæхсти пролетариаты диктатурæ бамбарыны онг схизын, национ хъузгæй, дам, нæ рахызт, адæмон рухсады æппæт фарстатæ бындуронæй алыг кæнын, дам, нæ бафæрæзта. Афтæмæй та фыццагдæр ацы съезды æвæрд æрцыди фарста райдиан скъолаты ахуыр æххæстæй ирон æвзагмæ раивыныл.

Ирыстон иугонд культурон бæстæ кæй у, уый расидти ацы съезд. Уый уыди XX æнусы дыккаг дæс азы стырдæр культурон цау. Æмæ 1917 азы июлæй нымайгæ у ирон национ ахуырады системæйы истори.

Фæлæ уæддæр уый зæгъæн нæй, хицауад йæ хъус не ’рдардта ацы съездмæ, зæгъгæ. Иры зылды Граждайнаг комитеты сæрдар Тæкъоты Симон уыди съезды, стæй æппæт мадзæлттæй дæр архайдта съезды уынаффæтæ царды рауадзыныл. Ахуыргæнджыты съезд байгом ирон адæмы Фыццаг æмæ Дыккаг съездты фæстæ. 1917 азы ноябры Ирон адæмы Цыппæрæм съезды æвзæрст æрцыд Иры Национ Совет, æххæстбарджын паддзахадон хицаудзинады оргæн. Йæ сæргълæууæг уыди Тæкъоты Симон, йæ хæдивæг та — Гæдиаты Цомахъ, Училищеты советы æмæ ахуыргæнджыты цæдисы раззамонджытæй иу.

Уыдоны разамындæй Училищеты советы æвджид уыдысты Иры скъолатæ ахуыры ног азмæ бацæттæ кæныны хъуыддæгтæ. Училищеты совет куыста Ирыстоны ахуыргæнджыты цæдисимæ æнгом бастæй. Цæдисы хæс уыд ахуыргæнджыты тыхтæ фидар кæнын æхсæнадон, педагогон æмæ наукон æгъдауæй, стæй ахуыргæнджыты царды уавæртæм æмæ сæ бартæм хъус дарын.

Уæвгæ та 1917 азы фæззæгæй 1919 азы уалдзæгмæ (афæдз æмæ æрдæджы дæргъы) Училищеты советæн бантыст 18 ног скъолайы байгом кæнын. Уый размæ цы скъолатæ куыста, уыдоны ахуыргæнджыты нымæцыл та бафтыд 45. Советы нысан уыди райдиан ахуырыл гæнæн æмæ амалæй фылдæр сабитæ бафтауын. Уæвгæ та Цæгат Ирыстоны 1918 азы æппынкъаддæр уыди 20 мин сабийы скъоламæ бацæуыны кары. Æмæ Терчы зылды адæмон училищеты дирекци Училищеты советы ныхмæ лæууыди, фæлæ фæстагмæ йæ азымыл басаст æмæ фыста: «Цæгат Ирыстоны Училищеты совет 1917 æмæ 1918 азы æцæгдзинадæй стыр ахъаз фæци Ирыстонæн, йæ раздæры скъолатæ халынæй кæй бахъахъхъæдта æмæ дзæвгар ног скъолатæ кæй байгом кодта, уымæй. Ирыстоны Училищеты совет 1919 азы райди анмæ разамынд лæвæрдта 144 скъолайæн».

1918 азы февралы-мартъийы Терчъы зылды адæмты дыккаг съезды делегаттæ расидтысты Терчы Адæмон Советон Республикæ Уæрæсейы Федерацийы мидæг. Арæзт æрцыд Адæмон рухсады комиссариат. Уæдæй фæстæмæ ирон скъолатæн ахъаз кодтой советон хицаудзинады фыццаг декреттæ адæмон ахуырады. Чысыл фæстæдæр та адæмон ахуырады пайдагонд цыди «Фæллойадон скъолаты сæйраг принциптæй» æмæ «фæллойадон иугонд скъолаты уагæвæрдæй». Скъолаты фæдыл цалдæр амынддзинады радта Терчы республикæйы Адкомсов дæр: аргъуантæ паддзахадæй, скъолатæ та аргъуантæй ахицæн кæныны тыххæй, цæмæй рæзгæ фæлтæры хъомылад æмæ ахуырад динæй аразгæ ма уа, фæлæ Рухсады комиссариатæй.

Адæмон ахуырады ног системæйы ахсджиаг фарстатыл Ирыстоны æртæрхон кодтой ирон ахуыргæнджыты Дыккаг съезды 1918 азы 9–11 мæйы. Съезд æркасти 22 фарстамæ, уыдонимæ Училищеты советы дзуаппон докладмæ æмæ уыцы Совет ногæй равзарынмæ. Съезд уынаффæ рахаста æппæт ирон скъолатæ дæр Училищеты советы æвджид бакæныны тыххæй. Уынаффæ хаст æрцыд Дзæуджыхъæуы нæлгоймæгты астæуккаг скъолатæй иу национализаци скæнын тыххæй. Уый уыдаид фыццаг къахдзæф национ фыццаг æххæст астæуккаг скъолатæ аразыны фæндагыл.

Ам сæрмагондæй ныхас цыди скъолаты арæзтадыл æвæстиатæй бакусыны æмæ ахуыргæнджыты дæсныйад уæлдæр кæныны фарстытыл.

Ирон ахуыргæнджыты дыккаг съезд фарст æрæвæрдта Дзæуджыхъæуы Ахуыргæнджыты институты размæ, цæмæй ахуырмæ райсой, ирон ахуыргæнджытæй æртæ азы чи бакуыста скъолайы, æххæст астæуккаг ахуырдзинад кæмæ нæй, уыдоны. Уымæй фæстæмæ ма ноджы байгом фондз къуырийы æмгъуыдмæйы педагогон курсытæ. Ахуыр сæ кодтой фæлтæрд ахуыргæнджытæ Æлборты Барис, Байаты Гаппо, В.Д. Бауер, О.И. Абрамова, Дзагуырты Гуыбады æмæ иннæтæ. Ноджы ма байгом ирон ахуыргæнджыты семинар дæр. Ирон сылгойæгты Ольгæйы номыл скъола та 1916 азы сси сылгоймаг ахуыргæнджыты цæттæгæнæг дыууæкъласон скъола. 1918 азы маймæ та дзы рауади ахуыргæнджыты семинар.

Æрыдоны семинар цæрæнбонты дæр уыди ахуыргæнджытæ цæттæгæнæн куырдадз, æмæ дзы 1918 азы июлы рауади Ирон семинар. Уый куыста Ирыстоны ахуыргæнджыты Советы разамындæй.

1918 азы сæрды Терчы зылды Адкомсовы амындæй цалцæггонд цыдысты æппæт скъолатæ. Терчы зылды рухсады адæмон комиссариат æртæрхон кодта национ скъолайы арæзтыды фарстатыл, ахуыргæнæн чингуытæ цæттæ кæныныл, национ типографитæ саразыныл. Газет ирон æвзагыл рауадзынæн æхца рауагъта Ирон Адæмон Совет. Терчы республикæйы Адæмон комиссариаты Советы сæрмагонд уынаффæтæм гæсгæ 1918 азы дæргьы дыууæ хатты сæ мызд фæфылдæр адæмон ахуырады кусджытæн.

1918 азы 19 декабры Цæгат Ирыстоны Училищеты советы рахуыдтой Адæмон ахуырады Ирон Совет, фæлæ йын йæ ног номæй фæпайда кæнын нæ бантыст: 1919 азы тæккæ райдианты Терчы республикæ саст æрцыд Деникины бархи æфсæдты цæфтæй. Уыцы хæстон бырстыты фæстæ иннæ рæтты — Ирыстонæй фæстæмæ уырыссаг скъолатæн сæ фæд дæр нал баззад. Фæлæ ирæн сæ фылдæр чырыстон диныл хæст кæй сты, уый сын фæахъаз.

1918 азы уалдзæгæй фæстæмæ скъолатæ ногæй срæвдз кæныныл хъаруджынæй бацархайдта адæмон ахуырадыл кусæг Ирон Совет. Фæфылдæр скъолаты нымæц, байгом райдиан Хистæр 20 училищейы, 2 гимназы, ирон ахуыргæнджыты иу семинар.

Райдиан училищеты ахуыргæнджытæн 1918 азы сæрды байгом цыбыр æмгъуыдмæйы курсытæ, фæлæ ирон скъолатæн уæддæр æххæст цæттæ ахуыргæнджытæ фаг нæ уыд, уымæ гæсгæ ахуыргæнæджы куыстмæ истой студентты æмæ, гимназтæ каст чи фæци, ахæм æрыгон æвæлтæрд ахуыргæнджыты.

Уалынмæ Кавказы ахуыргæнæн зылды разамонæг профессор В.Сиповский йæ сæрмагонд фыстæджы бацамыдта скъола рæзыны фæндаг ног хуызы саразын, æрæвæрдта хæс æртæкъæпхæнон иугонд фæллойадон демократон, æнæпартион скъолатæ аразын. Ахæм скъолаты нысан у паддзахадæн архайынхъом, зондæй дæр æмæ уæнгдыхæй дæр хъаруджын лæгтæ цæттæ кæнын, фæллойæн аргъ кæнын чи зоны æмæ йæ райгуырæн зæххы бирæ хъизæмæрттæ чи æмбары, ахæмтæ. Фæлæ уæды заманы документтæ куыд æвдисынц, афтæмæй ахæм хæс фыццаджыдæр хауы уырыссаг скъоламæ. Ирыстоны Училищеты совет та тырныдта, йæ къухы цы скъолатæ уыд, уыдон бахъахъхъæнынмæ. Советы сæрдар Бекъойты Георги (Дзибка) фыста дирекцимæ, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны Училищеты совет йæ хæс нæ бафыстаид ирон адæмы раз, цы райдиан скъолатæ байгом кодта, уыдон пайдайагыл куынæ банымадтаид æмæ, йæ къухы цы мадзæлттæ æррæййæфта, уыдонæй куынæ фæпайда кодтаид, уæд. Уымæ гæсгæ куры... æппæт райдиан училищеты æмæ, Ирыстоны зæххыл советон хицаудзинады дуджы чи байгом, уыцы скъолатæ сеппæт дæр къазнайы хардзæй дарын. Дирекци нæ разы кодта уыцы курдиатыл райдианты, æвæццæгæн, Ирыстоны хæдхицау Хабæты булкъоны зæрдæхудтæй тæрсгæйæ. Æмæ 19 мартъийы Бекъойы-фыртмæ æрвыст æрцыд, цæмæй æртæрхон кодтаиккой Ирыстоны скъолатæн разамынд аразыны фарстайыл. Уый фæстæ дыккаг бон байгом ирон адæмы Дæсæм съезд. Хабæты булкъоны сфидар кодтой фæстæмæ йæ бынаты. Иры культурæйы программæмæ хорзæй ницы бахауд, уый нæ фæлæ ма съезд йæ резолюцийы ныллæууыд бынтон æндæр зондыл. Ирон адæмы культурон фæрæзты руаджы баиу кæныны охыл съезд.амоны: Мæздæджы районы æппæт ирон скъолатæ, уыдонимæ Георгиевско-Осетинскæйы хъæуы скъола дæр, æфтыд æрцæуæнт Ирыстоны скъолаты оргæнтæм.

Цыбыр дзырдæй, Терчы зылды дирекцийæн æмцæдисонтæ нæ разынд Ирыстоны, кæд Хицауады алфамблай каубыды хуызæн æнгом «сис» уыд ахуыргонд афицертæй æмæ интеллигенцийы зындгонд лæгтæй, уæддæр. 1919 азы июлы Кавказы ахуырады зылдмæ барвыстой ахæм хабар: «Ирон адæмæн куы рардæуа, йе ’нтыстытæ куыд амонынц, ахæм фадæттæ, уæд... Кавказы иннæ адæмыхаттытæ дæр кургæ нæ, фæлæ домын райдайдзысты уыдæттæ... Æмæ-ма ахъуыды кæнут, цас хæрдзтæ бахъæудзæн, кæсæг æмæ балхъар, цæцæн æмæ мæхъхъæл, хъуымыхъ æмæ ногъай, стæй Дагестан... куы бадомой Ирыстоны хуызæн æнæнымæц райдиан æмæ хистæр скъолатæ, уæд. Уымæ гæсгæ ацы фарстамæ æркæсын хъæуы тынг лыстæг, тынг хъавгæ, къазнайы æхцайы æвæрæнтæ хынцгæйæ». «Ирыстон фæрнджын суыдзæн, паддзахады хардзæй уыйбæрц алыхуызон скъолатæ куы байгом кæна, уæд», — фыста Дирекцийы сæргълæууæг. Фæлæ Ирыстоны «фæрнджын» скæнын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд.

Уалынмæ 1919 азы 31 декабры адæмон рухсады Управленийы бардзырдмæ гæсгæ ирон ахуыргæнджыты сæрхъуызой Дзагуырты Гуыбады æрвыст æрцыд Терчы зылды адæмон училищеты разамындмæ, ирон скъолаты инспекторы бынатмæ. Сырх Æфсады раздæхынмæ æмæ Цæгат Ирыстоны советон хицаудзинад æрфидармæ ма баззад æгасæй æртæ мæйы. Училищеты советы æхсарджын куысты фæрцы хъахъхъæд æрцыдысты æппæт хуызы скъолатæ дæр, æгуыстæй баззадысты ахуыргæнджытæ, хъахъхъæд æрцыдысты национ ахуырад рæзын кæныны бындуртæ.

Хæсты дуджы æххæстæй къухы нæ бафтыд Ирыстоны ахуыргæнджыты Фыццаг æмæ Дыккаг съездты уынаффæтæ сæххæст кæнын. Фæлæ сæйраг хъуыддаг уæддæр рохуаты нæ баззади: национ ахуырадæн æвæрд æрцыди бындур. Съездты сгуыхтдзинад уый уыд, æмæ ирон интеллигенцийы фæлтæртæ кæуыл фæтох кодтой, уыцы нысантæ царды сæ бынат ссардтой. Ирыстоны национ ахуырады системæ æрфидар кæныны хъуыддаг сырæзт. Уымæй та бæрæггонд æрцыдысты ирон адæмы национ культурон царды рæзты фæндæгтæ.

3. Национ ахуырад 20-æм азты фыццаг æмбис

1920 азы мартъийы Сырх Æфсад фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд Цæгат Ирыстоны æрфидар советон хицаудзинад, Уыцы аз 31 мартъийы Дзæуджыхъæуы зылды ревкомы арæзт æрцыд адæмон ахуырады хайад (ОкрОНО). Уый æвджид уыдысты хъæуты, уый фæстæ та районты адæмон ахуырады хайæдтæ. Рухсады системæ арæзт цыди Уæрæсейы Федерацийы Адæмон Комиссарты Советы декретмæ гæсгæ. Уалынмæ Цæгат Ирыстоны Училищеты советы схуыдтой Ирыстоны адæмон ахуырады совет. Фæлæ дыууæ мæймæ хъуыддаг разылд æндæрырдæм, — ахæм Советы сæр нал бахъуыди æмæ йæ аивта адæмон ахуырады кусджыты IV съезд.

Ирон зылды адæмон ахуырады хайады (ОкрОНО) бæрны уыдысты æрмæстдæр Ирон зылды скъолатæ. Фæстæдæр 1920 аз 24 апрелы йын йæ бæрны бакодтой Мæздæджы районы, чысыл фæстæдæр та ма Къардоны, Æрыдоны, Николаевскы (Змейкæйы) Александровскы, Пришибскы æмæ Котляревскæйы хъазахъхъаг станицæты скъолатæ дæр. Афтæмæй 1920 азы сæрдмæ Адæмон ахуырады хайады кусджыты нымæц схæццæ сæдæ адæймагмæ. Йæ бæрны уыдысты скъолайы агъоммæйы кусæндæттæ, скъолатæ, чиныгуадзæнты æмæ библиотекæты секцитæ, стæй ма аивæдты æмæ финансты кусджыты дæлхайæдтæ дæр. Уалынмæ йыл бафтыд информацион статистикон секци, профцæдисты æмæ æндæр фæрсаг куыстыты хайæдтæ дæр. Съезд æркасти адæмон ахуырады ахсджиагдæр фарстатæм, советон хицаудзинад ног скъола аразынæн цы хуыздæр мадзæлттæ амыдта, уыдонмæ. Съезд куыста Дзæуджыхъæуы 1920 азы 25–30 майы. Æмæ дзы архайдта 175 делегаты. Съезд уынаффæтæ рахаста чызджытæ æмæ лæппуты хицæн кълæсты нæ, фæлæ иумæ ахуыр кæныны, скъолайæн разамынды демократизацийы тыххæй, ахуыргæнджыты курсытæ алы зылды дæр байгом кæныны тыххæй. Съезд ноджы бауынаффæ кодта, цæмæй бынæтты мидæг æвзæрст цыдаиккой скъолайы советтæ æмæ ахуыргæнджытæ, куыстмæ ахуыргæнæджы исгæйæ адæймагæн йæ ахуырдзинады бæрцмæ каст хъуамæ мауал цыдаид.

Æппæтæй ахсджиагдæрыл банымадта фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны скъолаты ирзонæны программæты иринциптыл æртæрхон кæнын.

Ам æнæ скойгæнгæ нæй Ирон историон-филологон æхсæнады тыххæй. Уыцы æхсæнад байгом 1919 азы æмæ уыди фыццаг наукон æхсæнад æгас Цæгат Кавказы. Йæ 77 уæнгæн йæ уынаффæдонмæ æвзæрст æрцыдысты наукæ æмæ рухсады хуыздæр минæвæрттæ: Æлборты Барис, Бекъойты Георги (Дзибка), Къубалты Алыксандр æмæ æндæртæ.

Ирон историон-филологон æхсæнады сæйраг архайд уыди советон хицаудзинады фыццаг азты национ скъолайы арæзтады стратегион курс саразыныл. Уæлдай тынгдæр уымæн архайдтой уыцы хъуыддагыл æмæ ног æхсæнады разамонджытæ уыциу рæстæг уыдысты адæмон ахуырады оргæнты разамонджытæ дæр (Æлборты Барис, Дзагуырты Гуыбады æмæ Бекъойты Георги).

Æхсæнад архайдта наукон æмæ ахуырадон методикон базæ срæвдз кæныныл дæр ирзонæны предметтæн, арæзта ахуыргæнæн программæтæ, расидтысты конкурс скъолатæн хуыздæр чиныг саразыныл, æппæт хъарутæй дæр куыстой адæмон ахуырады Хæххон институт тагъддæр байгом кæныныл æмæ йын йæ ахуыргæнæн пълантæ саразыныл. Æппæты ахсджиагдæрыл дзы банымадтой ирзонæн.

Ирыстоны скъолаты национализацийы æмæ ахуырад мадæлон æвзагыл рауадзыны тыххæй историон-филологон æхсæнад æрцыди ахæм хъуыдымæ: скъолаты национализацийæн æнæ скæнгæ нæй политикон, идеологон æмæ национ-культурон домæнтæм гæсгæ. Фæлæ мадæлон æвзагыл ницы ахуыргæнæн фæрæзтæ уыд, иннæмæй — фаг нæ уыди дæсны ахуыргæнджытæ. Уымæ гæсгæ уынаффæ хаст æрцыд: национализаци цадæггай кæнын.

Уроктæ кæцы æвзагæй дæттын хъæуы, уый тыххæй та ахæм уынаффæ рахастой: 1) ахуыры фыццаг аз ахуыр цæуæд мадæлон æвзагыл, уыимæ æмхæццæйæ арæзт цæуæд лексикæйы уроктæ дæр уырыссаг æвзагыл; 2) арæзт æрцæуæд терминты къамис наукон-методикон терминтæ сбæрæг кæныны тыххæй. Адæмон ахуырады кусджыты IV съезд бауынаффæ кодта, æппæт фадæттæ бахынцгæйæ, фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны ирон скъолаты æппæт кълæсты дæр ахуыртæ уырыссаг æвзагыл аразын. Æрмæстдæр фыццаг къласы сабитæ ахуыр кæнæнт иронау. Афтæмæй та ирон æвзаджы уроктæ хъуамæ лæвæрдтаиккой фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны скъолаты æппæт кълæсты дæр.

Ирон скъолайы национализаци царды рауадзыны фадат цыбыр æмгъуыдмæ нæ уыд. Йæ ахсджиагдæр аххосаг — ахуыргæнджыты чысыл нымæц. Æдæппæт Ирыстоны скъолаты: куыста 1920 азы 332 ахуыргæнæджы, уыдонæй ирæттæ 249, уырыссæггæ — 75, гуырдзиæгтæ — 5 æмæ æртæ немыцаджы.

Уымæй ма, ирон чи нæ уыд, уыцы ахуыргæнджытæ та ирон æвзаг æппындæр нæ зыдтой.

Æппæт ахуыргæнджытæй уæлдæр ахуыргонддзинад уыд æдæппæт 16 адæймагмæ, хистæр скъола æххæст каст чи нæ фæци, ахæмтæ — 43, астæуккаг ахуыргонддзинад чи райста, ахæм ахуыргæнджытæ та — 273 адæймаджы. Ахæм хъарутимæ цас фадат уыди размæ ахæцынæн.

1920 азы августы Дзæуджыхъæуы байгом Цæгат Кавказы адæмон ахуырады Терчы фыццаг институт, фæстæдæр Хæххон кæй схуыдтой, уый. Арæзт та æрцыди Дзæуджыхъæуы ахуыргæнджыты институты, Терчы æмæ Ирыстоны ахуыргæнджыты семинарты бындурыл. Институтмæ фыццагдæр ист æрцыд 100 адæймаджы. Дыууæ азы фæстæ дзы байгом дыууæ факультеты: физикæ æмæ математикæйы факультет математикон æмæ æрдззонæн-географион хайæдтимæ, стæй æхсæнадон-историон факультет æвзагзонæны æмæ историон хайæдтимæ. Ахуыр дзы хъуыд æртæ азы.

Бæстæ хæлддзагмæ æрцыди революцийы æмæ мидхæсты заманты, хицаудзинад цалдæр хатты ивдтытæ кæй баййæфта, уый фыдæй. Стæй 1921 азы ралæууыди стонг аз, æнæхицау, æнæхæдзар сывæллæтты нымæц рæзыд бонæй-бонмæ. Уыдæтты аххосæй скъолаты нымæц 1921 æмæ 1922 азты зынгæ фæкъаддæр. Фæстæдæр скъолаты агъуыстытæм базилынæн фæрæзтæ нал уыд. Ахуыргæнджытæ афоныл мызд нал истой. Уыцы тыхст рæстæджы ма ноджы ахуыргæнджытæй бирæты «баифтыгътой» партион æмæ советон куыстытыл. Ахæм фадæтты къаддæрæй-къаддæр кодта ахуыргæнджыты нымæц.

Адæмон ахуырады системæйы арæзтады материалон бындур фæфидардæр кæныны охыл Хæххон Республикæйы Адæмон Рухсады Комиссариат бауынаффæ кодта скъолаты нымæц фæкъаддæр кæнын. Æмæ Ирыстоны æхгæд æрцыд 37 райдиан скъолайы, фондз та — дыккаг къæпхæны скъолатæй.

Уæлдай тыхстдæр баййæфтой хохрæбынты æмæ фæсвæд хъæуты скъолатæ. Фæлæ та уалынмæ советон хицаудзинады фыццаг азты хæххон адæм быдырмæ лидзыныл куы систы, уæд ноджы фæтыхстдæр скъолаты арæзтад. Хæххон нарæг кæмтты талынг къуымты чи цард, уыдон зымæгон рæстæг иртæстæй цардысты æддаг дунейæ, сæ фарсмæ хъæутæм дæр сын фæндаг нæ уыд. Æмæ ма хæххон цъассыты чи баззад, уыдонæн цæй скъола сарæзтаиккой? Уымæ гæсгæ сын æрхъуыды кодтой хæххон кæмтты стырддæр хъæуты интернат-скъолатæ саразын. Тыгъд быдыртæм чи ралыгъд хохы цъассæй, уыдонæн дæр цæй фадат уыд скъолатæ саразынæн? Сæ гæвзыкк цардæн уал фæрæзтой сæ хъæдкъул хъæмпынсæр хатæнты. Уæдæ ахуыргæнæджы мызд дæр цæрыны фаг нæ кодта. Афтæмæй уæддæр ахуыргæнджытæ цæттæ кæныныл куыстой.

Уалынйæ 1923 азы байгом Хæххон педагогон техникум, фыццаг къæпхæны скъолатæн ахуыргæнджытæ цæттæ кæныны тыххæй. Техникумæн уыд æмдзæрæн. Студенттæ истой стипенди. Уыцы рæстæджы æвæрд æрцыд фарста Хæххон педтехникумы сæрмагондæй Ирон педтехникум байгом кæныны тыххæй. Йæ фæдыл та æрбалæууыд ног хабар. 1920 азы 24 ноябры рацыди бардзырд æнахуыргонддзинад фесафыны фæдыл, Уæрæсейы Федерацийы Адæмон Комиссариаты Советы декреты амындæй. Уымæ гæсгæ адæм сеппæт дæр, 13 азæй 50 азы онг кæуыл цыд, уыдон ахуыр кæнæнт кæсын æмæ фыссын æнæ скъолайы кусæндæтты. Адæм сæ хуыдтой ликбезтæ, ома æнахуыргонд сафæн скъолатæ. Къуыри сын бацамыдтой 6 сахаты ахуыр. Адæм сæхæдæг агуырдтой, чиныгæй, тетрадæй сæ цы хъуыд, уый.

Ноджы ма бафиппайын æмбæлы ахæм хабар дæр. 1925 азы 17 ноябры Хæххон Адæмон Комиссариаты Совет бауынаффæ кодта, цæмæй æппæт адæм дæр 18-аздзыдæй 35-аздзыды онг, фыссын æмæ кæсын чи нæ зоны, уыдон æнæмæнг сахуыр кæной кæнæ мадæлон æвзагыл, кæнæ уырыссагау — сæхи фæндонмæ гæсгæ. Æмæ та уыцы хъуыддаг дæр цыди стыр къуылымпытимæ, чиныгхъуаг, ахуыргæнæгхъуагæй.

Уæдæ 1921 æххормаг азы цы тыхст уавæр сæвзæрд æгас Уæрæсейы дæр æмæ Ирыстоны зæххыл дæр, уымæн ницавæр ныхæстæй ис радзурæн. Хæххон республикæмæ æнæнымæцæй ивылдысты сидзæр æххормаг сабитæ Уæрæсейы алы къуымтæй. Æмæ республикæйы разамынд æндæр ницуал хъуыддаг кодта, сидзæр сабиты æххормагæй аирвæзын кæнын йеддæмæ. Уыцы аз Ирыстоны байгом сидзæр сывæллæтты 9 хæдзары. Æппæт куыст дæр цыд æрмæст æрбафтæггаг æххормаг сабиты аирвæзын кæныныл.

1921 азы январы рацыд уынаффæ Уæрæсейы Федерацийы скъолаты системæ авдазон скъолаты бындурыл рацаразыны тыххæй. Арæзт æрцыд Паддзахадон Ахуырадон Совет (ГУС) Уæрæсейы Федерацийы Рухсады Адæмон Комиссариаты цур. Советы хæс уыд ахуыргæнæн программæтæ саразын, рухсады кусджыты фæллойы нормæтæ æмæ мызд сбæлвырд кæнын, стæй скъолаты куысты нормæтæ сфидар кæнын.

1920-æм азты рухсады куысты сæйраг æнтыстыл нымайын хъæуы мадæлон æвзаг амонæг ирон скъоламæ раздæхыны мадзал. Партион конференциты æмæ Советы съездты делегаттæ уайдзæфаг фæкодтой, уырыссаг скъолатæ Ирыстоны ахсджиаг кæй систы, уый. Адæмон ахуырады арæзтады бындурыл нымад æрцыд ахуыр мадæлон æвзагыл сæвæрын. Куыст базмæлыд ирон æвзагыл ахуыргæнæн чингуытæ цæттæ кæныныл. Уыцы фæндагыл уал фыццаг къахдзæф уыди фыццаг къæпхæны скъолаты райдиан къордæн уроктæ мадæлон æвзагыл дæттын.

Ахуыр мадæлон æвзагыл рацаразын та дарддæр амынд цыди фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны скъолаты æппæт кълæсты дæр.

Уыцы ахсджиаг хъуыддаг бакæнын хъуыд 4–5 азмæ. Тынг зæрдиаг куыст цыди национ скъолайæн дæсны ахуыргæнджытæ цæттæ кæныныл дæр.

Ирон фыссынад латинаг дамгъæтæм раивыныл дæр ацархайдтой. Уыцы рæстæджы бæстæйы адæмыхæттытæй бирæтæ сæ фыссынад рацарæзтой латинаг дамгъæтæй. Ирон интеллигенцийæ иу къорд ныллæууыдысты уыцы фæндагыл, сæ ныхмæ та сыстад æндæр къорд æмæ ныффæрск, уырыссаг дамгъуаты фылдæр фадæттæ ис ирон дамгъæтæн æмæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Ирон сабиты ма уырыссаг культурæйы цæ фæиппæрд кæнæм, æндæр, зæгъгæ.

Уалынмæ Хæххон республикæйы Рухсады Адæмон Комиссариат 1923 азы рахаста уынаффæ ирон фыссынад латинаг дамгъæтæм раивыны тыххæй. Æмæ та уыцы хъуыддаг дæр ног зынтæ æмæ къуылымпытæ бафтыдта национ скъолайы рæзты фæндагыл.

Скъолаты рæзты кризис бауромын къухы бафтыд æрмæст 1923 азы. Скъолайы кары сывæллæтты нымæцæн се ’ртыккаг хай ногæй баздæхти скъоламæ, ахуырмæ. Ирыстоны зылды Адæмон ахуырады хайад сарæзта иу типыл уагъд пълантæ æмæ бахыгъта ахуырад дарддæр рæзын кæныны хæрдзтæ. Снысан кодта фæрæзтæ, скъолатæ аразынвæнд чи кодта, уыцы хъæууон æхсæнадтæн.

Уыцы зæрдылдарæн 1923 азы августы фæстаг бон Адæмон ахуырады хайад бауынаффæ кодта фыццаг абеты чиныг ирон диалектыл (йæ саразæг — Гуыриаты Гагуыдз), дыгурон диалектыл та Гарданты Михалы арæзт абетæ, стæй Æлборты Барисы ирон грамматикæйы чиныг рауадзын. Уыцы уынаффæ хорзыл банымадта æмæ йæ сфидар кодта Хæххон республикæйы Советы III съезд. Ацы съезд ноджы снысан кодта ахсджиаг мадзæлттæ мадæлон æвзаг ахуыр кæнынæн, ахуыргæнæн чингуытæ мыхуырæй рауадзынæн æмæ национ скъолатæн хæрзифтонг ахуыргæнджытæ бацæттæ кæнынæн.

Абеты чингуытæ мыхуырæй рацыдысты афæдзмæ. Уыцы аз ма ноджы цæттæгонд æрцыди ахуыргæнæн литературæйы алыхуызон чингуытæ, прозæ æмæ поэзийы 20 æмбырдгонды, фольклоры æмæ наукон куыстыты къухфыстытæ. Сæ номхыгъды уыдысты абетæ, кæсыны чингуытæ, хрестоматитæ, дзырдуæттæ, ахуыргæнæн чингуытæ æрдззонæнæй, географийæ, райгуырæн-бæстæзонæнæй, хынцинæгтæ æмæ уырыссаг æвзагæй тæлмацгонд чингуытæ. Сæ рауадзыны пълан амынд уыд цалдæр азмæ. Иугæр скъолаты кризис бауромын къухы бафтыд, уæд ног ахуыры аз ахуыр кæнын байдыдтой мадæлон æвзагыл. Æппæт кълæсты мадæлон æвзагыл ахуыр сæвæрыны хъуыддаг та хъуамæ ахастаид 4–5 азы. Уымæ гæсгæ тынг ахсджиаг уыд национ скъолайæн дæсны ахуыргæнджытæ цæттæ кæнын уæлдæр æмæ астæуккаг ахуырдзинадимæ. Уымæн æмæ тыхст царды аххосæй 1923 азмæ педагогон куыст ныууагътой 58 ахуыргæнæджы, афтæмæй скъолаты нымæц та рæзынмæ фæци.

Ноджы кризисы фæстæ 1923 азы фæстæмæ скъоламæ ахуыр кæнынмæ баздæхти бирæ сывæллæттæ. Уæдмæ Адæмон ахуырады хайад фæрæзтæ снысан кодта скъолаты арæзтадæн.

Ног экономикон политикæйы рæстæджы бæстæйы адæмон хæдзарад æмхуызонæй йæхиуыл кæй схæцыд, уый ахъаз фæци ирон иумæйаг ахуырады скъолаты нымæц рæзынæн. Уæдмæ ÆЦÆК-ы декретæй 1924 аз июлы ивд æрцыд Хæххон республикæ æмæ дзы рахицæн Цæгат Ирыстоны автономон облæст. Фæлæ йæ бюджет нырма уыди тынг кадавар. Уымæ гæсгæ экономикæйы разæй рухсады хъуыддæгтыл не ’ххæссыд. Афтæмæй та Облæсты адæмон рухсады хайады хъæппæрисæй хъуыддаг æвæрд цыди афтæ, цæмæй Ирыстоны скъолатæ цардаиккой паддзахады хардзæй. Уыцы рæстæджы Дзæуджыхъæуы дыккаг къæпхæны уырыссаг скъолатæ æцæгдæр цардысты паддзахадон бюджетæй, афтæмæй ирон рухсады фæндагыл бынæттон бюджеты ницы фæрæзтæ разынд национ чиныгуадзæнæн.

Уыцы тыхст рæстæджы Облæсты адæмон ахуырады хайады сæргълæууæг Дзагуырты Гуыбады партион оргæнтæн фехъусын кодта: хъуыддагæй æнæмæнг æххуыс кæй хъæуы Уæрæсейы Рухсады Адæмон Комиссариаты ’рдыгæй. Ахæм æххуыс куынæ уа, уæд нæ уыдзæн чиныгуадзæн ирон æвзагыл, уæд æнхъæлмæ кæсæн нæй ирон скъолайы национализацимæ дæр. Æмæ Цæгат Ирыстон 1924 азы автономон облæстыл нымад куы ’рцыд, уæд æхсæнады раз æрлæууыд ног ахъаззаг фарста: ирон историон-филологон æхсæнады бындурыл Бæстæзонæн центрон наукон-иртасæг институт байгом кæнын. Уыцы институт хъуамæ уыдаид облæсты Адæмон ахуырады хайады бæрны.

Национ ахуырады дарддæры арæзтадæн хорз ахъаз фæци Цæгат æмæ Хуссар Иры адæмон ахуырады кусджыты иумæйаг съезд 1924 азы 19–23 августы Цхинвалы. Ам байхъуыстой ахуырады разамонæг кусджыты докладтæм рухсады хъуыддæгты уавæры фæдыл, графикæ æмæ орфографийы, иугонд литературон æвзаджы, наукон æхсæнадты, дыууæ Ирæн иумæйаг культурон рухсады æмæ чиныгуадзæнты хъуыддæгты фæдыл дзуаппытæм. Ацы съезды ахсджиагыл банымайын хъæуы уый, æмæ бæлвырд уынаффæтæ рахаста литературон иумæйаг æвзаджы фæдыл дискусситæн кæрон скæныны тыххæй.

1925 азы январы фыццаг бонты байгом Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты облæстон съезд. Делегаттæ фæсидтысты фыццаг къæпхæны ирон скъолаты национализацийы куыст амал æмæ гæнæнæй фæтагъддæр кæнынмæ. Уыцы аз Ирыстон бабæрæг кодта Уæрæсейы Федерацийы Рухсады Адæмон Комиссариаты инспектор В.П. Чаплиев. Уый ахъаззаг фарстыл банымадта фыццаг къæпхæны скъолаты ахуыр мадæлон æвзагыл аразыны хъуыддаг. Уымæй уæлæмæ скъолаты та уал ахуыр цæуæд уырыссаг æвзагыл, сæ программæмæ ирон æвзаджы курс дæр бафтаугæйæ.

Æппæт тыхстыты сæр та уыди æнæ чиныгæй ахуыр. Куыд сæвæрæн уыд ахуыр мадæлон æвзагыл, кæд æмæ абетæй дарддæр иронау ницы чиныг уыд скъоладзаутæн? Æмæ диссаг дæр куыд нæ у! Суанг Совпартскъолайы дæр ма, экономикон географи кæм ахуыр кæнынц, уым иунæг ирон курсант дæр иронау кæсын нæ зоны, — бафиппайдта мæскуыйаг инспектор. — Афтæмæй та фæстæзад Ирыстоны хъæуы æнæкæрон бирæ ахуыргонд адæм.

Мæскуыйаг инспектор В.П. Чаплиев бабæрæг кодта Ирон педтехникум дæр æмæ стыр хъыг ракодта. «Все преподавание в Педтехникуме идет на русском языке. Осетинского языка нет».

Мæскуыйаг инспекторы дисы бафтыдтой ирон зæхкусæг адæм, сæ цот уырыссаг æвзагыл кæй ахуыр кæнынц, уый. Суанг ма ууыл æппындæр нæ тыхсы облæсты разамынд дæр. Уым хъуыды кæнынц афтæ, ома, ирон скъола каст фæуæг ирон адæймаг дарддæр ахуыр кæнынмæ куы ацæуа, уæд æй зонын хъæуы уырыссаг æвзаг. Фæлæ дзы ууыл ничи асагъæс кодта «куыд сæвæрын ис ахуыр мадæлон æвзагыл, абеты чиныгæй дарддæр сæ къухы куы ницы уа, уæд, — дис кодта В.П. Чаплиев. — Æмæ уырыссаг æвзаджы уацары афтæ бахаугæйæ ирон адæм æрцыдысты уымæ, цыма сын мадæлон æвзаг æппындæр никуы уыд.

Дарддæр инспектор скодта бæлвырд хатдзæгтæ: «Фарстыл лæмбынæг ахъуыды кæнгæйæ, рабæрæг: 1) сывæллæттæ зæрдæрайгæдæрæй рахизынц мадæлон æвзагыл ахуырмæ; 2) уырыссаг æвзагыл кусгæйæ, сывæллæттæ фылдæр бамбарынц æрмæгæн йæ хъуыды, ныхæстæй йæ сæ бон радзурын нæу, афтæмæй, уымæн æмæ сеппæт уырыссаг ныхæстæ нæ зонынц; 3) уырыссаг чиныг кæсгæйæ, рæвдздæр сахуыр вæййынц кæсын, кæй кæсынц, уый не ’мбаргæйæ. Уыцы хъуыддаг адæймаджы æфтауы ахæм хъуыдыйыл: ирон лæг тынгдæр ахуыргонд уæд уыдзæн, фыццаг къæпхæны скъола йæ мадæлон æвзагыл куы сахуыр кæна.

Скъолайы агъоммæ хъомылады тыххæй инспектор фехъусын кодта: Дзæуджыхъæуы кусы иунæг цæхæрадон сабитæн иунæг ахуыргæнæгимæ. Æмæ ныхас фæкæнынц мадæлон æвзагыл. Зарджытæ та — фылдæр уырыссагау. Уый уымæн, æмæ ахуыргæнæгмæ ирон зарджытæ фыст ис хæрз чысыл. Уымæ гæсгæ сывæллæттæ фылдæр уарзынц уырыссаг зарджытæ. Афтæмæй уæддæр разæнгарддæрæй фæхъусынц ирон зарджытæм.

Облæсты адæмон ахуырады хайад йæ тыхтæ сарæзта скъолаты нымæц фылдæр кæнынмæ, ахуыргæнджыты цæттæдзинад бæрзонддæр кæнынмæ, ирон æвзаг амоныны мадзæлттæ хуыздæр аразынмæ, национ ахуыргæнæн чингуытæ фылдæр уадзынмæ. 1925 азы июны методикон бюро рахаста уынаффæ, хорз фæлтæрддзинад кæмæ ис, уыцы скъолаты ирон æвзаг сæрмагонд хуызы сæвæрыны тыххæй. Æмæ уыцы скъолатæм æрвитын байдыдтой æппæты дæсныдæр ахуыргæнджыты, ирон æвзаг хорз чи зыдта, ахæмты. Уый адыл байгом кодтой ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ цæттæгæнæн курсытæ. Æвзаджы курсыты программæ сарæзта Æлборты Барис, бæстæзонæн предметты программæ та — Дзагуырты Гуыбады.

4.

Уæрæсейы адæмон рухсады комиссариаты уынаффæ нæ хынцгæйæ, Ирыстоны облæсты адæмон ахуырады хайад йæ фæнд нæ аивта ирон скъолаты национализацийы тыххæй. Мадæлон æвзагыл ахуыр цыди гьæйттæй.

Облæсты методбюро комплексон программæ сарæзта ирон скъолаты фыццаг æмæ дыккаг азы ахуыртæн. Куыст бацайдагъ ахуыргæнæн чингуытæ æмæ фæрæзтæ аразыныл дæр.

1926 азы 15 сентябры Дзæуджыхъæуы байгом методикон конференци облæсты ахуыргæнджыты активæн. Ирыстоны ахуырады æппæты ахсджиагдæр фарстытыл дзы докладтæ скодтой Дзагуырты Гуыбады æмæ Бекъойты Георги. Конференцийы делегаттæ та бацамыдтой: мадæлон æвзагыл чингуытæ нæй. Ноджы ма ахуыргæнджытæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ зонынц. бæстæзонæн наукæ. Стæй бацамыдтой национализацийы хъуыддаг фæрæвдздæр кæнын, уымæн æмæ ныр дæсæм аз кусынц Иры скъолатæ.

Бекъойы-фырты доклад уыди «Ирон скъолайы уырыссаг æвзаджы тыххæй». Доклады сæйрагдæр хъуыды сабитæн иронау хъуыды кæнын амонын. Конференци æрцыди ахæм хатдзæгмæ, цæмæй ирон скъолаты уырыссаг æвзагыл ахуыр кæнын райдайой дыккаг къласы. Делегаттæ ноджы бацамыдтой: сабитæн амынд цæуæнт ирон культурæйы «кадавар» зонындзинæдтæ райдиан кълæсты.

Национализацийы хъуыддаг 1926–27 ахуыры аз хицæн кодта фыццаг къæпхæны скъолаты æртыккаг къласы. Уыцы аз сæххæст скъолаты арæзтады пълан дæр, стæй фыццаг къæпхæны скъолатæн фаг чингуытæ ирон æвзагыл рауадзыны пълан дæр.

1929–30 ахуыры аз фидаргонд æрцыд æппæтон райдиан ахуыры пълан. Афтæ бацамыдтой Цæгат Ирыстоны æрдззонæн-историон æмæ политикон-экономикон уавæртæ. Облæст дих кодта хæххон кæмттыл æмæ быдыры хъæутыл. Быдираг хъæуты парахатæй гæнæн уыди скъолаты арæзтадæн. Æмæ уал уæрæх фæндаг радтой æппæт адæмæн дæр райдиан ахуырдзинад райсынæн.

Хохæй та быдырмæ фæлыгъдысты суанг 1925 азы онг. Æмæ ма кæмтты цы «мæнг муртæ» аззад, уыдонæн нæдæр зæхх фаг кодта, нæдæр сæм скъола аразыны хъару уыд. Æмæ уæд цалдæргай хъæутæй иумæ арæзтой скъолатæ, се ’хсæн 5–6 верстытæ, кæнæ суанг 10–12 версты онг. Ахæм скъолатæ æмдзæрæнтимæ йæ бон аразын уыд æрмæст паддзахадæн. Фæлæ интернаттæ уæддæр арæзт æрцыд Хъобаны, Дзуарыхъæуы, Нары, Садоны, Фæсналы. Адæм та се ’ргом тынгæй-тынгдæр здæхтой ахуырмæ æмæ цыфæнды зынтæй дæр аразын хъуыд скъолатæ.

Скъолаты арæзтадæн ахъазгæнæг фæци облæсты Советты III съезд дæр. Уалынмæ та 1927 азы сентябры байгом Цæгат æмæ Хуссар Иры иугонд дыккаг съезд культурæ æмæ рухсады фарстытыл. Съезд æнæмæнг кæнинаг хъуыддагыл банымадта кæрæдзимæ рухсады кусджытæй фæкæсын, адæмон ахуырад иухуызон системæйыл аразын, фыццаг къæпхæны скъолаты национализаци фæрæвдздæр кæнын. Съезд бацамыдта, Ирыстонæн социалистон арæзтады хъуыддæгтæ йæ къухы кæй бафтдзысты æрмæст национ культурæ райрæзын кæнгæйæ. Съезд ноджы бацамыдта, иу литературон æвзагыл тох кæнгæйæ, газет «Рæстдзинад» æмхуызонæй мыхуыр кæнæд æрмæг иронау дæр æмæ дыгурон диалектыл дæр.

1927 аз чиныг мыхуыр кæныны хъуыддаг дæр фезмæлыд йæ бынатæй. Æмæ кæд 1917 азмæ æрмæст Хъаныхъуаты Алмахситты æмæ Хъоцыты Бидзинайы абеты чингуытæ рацыд мыхуырæй, стæй ма æртæ ахуыргæнæн чиныджы, сæ автор — Мамытты Стефан, уæд 1927 азы рухс федтой ахуыргæнæн 8 чиныджы, ирон фольклоры чингуыты дыккаг рауагъд, Всеволод Миллеры «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуаты» фыццаг том, стæй ирон литературæйы æмæ æвзаджы цалдæр чиныджы.

Уæддæр адæмон ахуырады 1928–29 азы дзуаппон докладты амынд цыди, мадæлон æвзагыл чингуытæ нæй, зæгъгæ. Уый уыд сæйраг аххосаг скъолаты национализацийы фæндагыл. Стæй ма нæ фаг кодта ирон ахуыргæнджытæ дæр. Афтæмæй 1928–29 ахуыры аз фыццаг къæпхæны скъолатæ фыццаг æртæ азы ахуыр кодтой мадæлон æвзагыл. Уалынмæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæнын байдыдтой фыццаг цыппар азы дæргъы 1929–30 ахуыры азæй фæстæмæ. Уыцы азæй фæстæмæ цалдæр предметы иронау ахуыр кæнын байдыдтой Ирпедтехникумы дæр.

Ирон скъолаты ахуыргæнджыты конференци 1929 азы бауынаффæ кодта ирон скъолаты дыккаг къæпхæнæп цалдæр чиныджы рауадзын, уыдонимæ Æлборты Барисы ахуыргæнæн программæтæ фыццаг авд азы ахуырæн, «Осетинская народная словесность», «История осетинской литературы» 8-æм къласæн, «Этнография Осетии»: 6-æм къласæн, «Ирон адæмы истори» 7-æм къласæн, «Введение в языкознание» æмæ «Осетинский язык» 9-æм къласæн.

Национ скъолайы арæзтады æнтыстытæй аразгæ у хъуыддаджы гæххæттыты раивд ирон æвзагмæ. Уый æнæмæнг бакæныныл банымадта ÆЦÆГ, цæмæй иацион облæстты æмæ республикæты советон оргæнты кусджытæ, цы адæмты ’хсæн цæрынц, уыцы адæмы хæттыты цардыуаг æмæ зондахаст хуыздæр æмбарой.

Хъуыддаджы гæххæттытæ мадæлон æвзагыл аразыны тыххæй Ирыстоны Революцион Комитет суанг 1920 азы снысан кодта къамис цыппар лæгæй. Уыдон сарæзтой сæрмагонд программæ. Уый фæстæ Ирыстоны облæсты Советты фыццаг съезд бауынаффæ кодта мадзæлттæ саразын хъуыддаджы гæххæттытæ мадæлон æвзагыл цæттæ кæныны тыххæй. Курсытæ дæр ма сарæзтой, ахæм куыст чи кæндзæн, уыдонæн.

Уыцы ахсджиаг куыст мадæлон æвзагыл райдайынæн снысан кодтой æмгъуыд дæр 1930 азы 1 январьмæ. Ирыстоны Облæххæсткомы Президиум уый фæдыл байхъуыста Къосираты Сæрмæты докладмæ. Фæлæ хъуыддаг йæхимидæг бамынæг. 1950 азы астæумæ бынтон рабæлвырд, хъуыддаджы гæххæттытæ ирон æвзагыл аразыны мадзал дзæгъæл куыст кæй у, уый. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ та хъуыддаджы гæххæттытæ иронау аразыны фарст бынтондæр ахаудта цардæй, уымæн æмæ ирон æвзаг иудадзыг дæр иуварсгонд цыд паддзахады цардæй, куыд æнæхъуаджы æвзаг.

Бæстæйы хицауады бирæ уынаффæтæ, «райдиан æмæ астæуккаг скъолаты тыххæй», «ахуыры программæты æмæ скъолаты куысты фæткы тыххæй», «ахуыргæнæн чингуыты тыххæй» уынаффæтæ сæ куыст бакодтой Цæгат Ирыстоны скъолаты. 1934 азмæ нæ облæсты уыди 164 скъолайы. Сеппæты дæр уыди фидар уаг. Ахуыргæнæн чингуытæй дæр уыйбæрц хъуаг нал æййæфтой облæсты скъолатæ. Суанг 1930 азмæ ахуыргæнæн æппæт чингуытæй дæр æххæст уыдысты ирон райдиан скъолаты ахуырдзаутæ.

ССР Цæдисы райдиан æмæ астæуккаг скъолаты структурæйы тыххæй бæстæйы Адæмон Комиссариаты Совет æмæ партийы Центрон Комитет 1934 азы 16 майы цы уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ бæлвырдгонд æрцыд ирон иумæйаг ахуыры скъолаты структурæ дæр. 1934–35 ахуыры аз скъолаты уыди æртæ дæлхайады — райдиан, æнæххæст астæуккаг æмæ астæуккаг скъола. Уалынмæ бæстæйы скъолатæ иухуызон уагыл рацаразыны æгъдауыл Ирыстоны скъолатæм бахастой ивддзинад — «национализаци» раивтой «коренизацийæ». Уый адыл ирон скъолайæ рахаудта ирзонæн (фыдыбæстæзонæн, Ирыстоны истори æмæ географи). Гъе афтæмæй 30-æм азты фыццаг æмбис историйы баззад æмбисондæн — хи адæмы истори æмæ райгуырæн зæххы æрдз ахуыр кæныны бар нал уыд ирон скъолаты.

Фæлæ адæмон ахуырад облæсты рæзыди дарддæр. 1935 азы байгом ахуыргæнджыты дæсныйад хуыздæргæнæн институт. Уый ахъаззаг æххуыс фæци ахуыргæнджытæн.

1931 азы августы уынаффæйы бындурыл та байгом сæрмагонд педагогон институт Хæххон пединституты ирон хайады бæсты. Уый сси ахуыргæнджытæ цæттæгæнæн сæйраг артдзæст ирон скъолатæн. Цæгат Ирыстоны 1935 азы ахуыргæнджытæй куыстой 1587 адæймаджы, 1936 азы уыдон баисты 1975, скъолаты нымæц та хæццæ кодта 173-мæ.

1935–36 ахуыры аз æппæтон авдазон ахуыр æнæмæнг æххæстгæнинаг хæсыл нымад æрцыд Цæгат Ирыстоны зæххыл кæмдæриддæр. Уыцы заманты культурон-рухсадон куыст æмдыхæй дарддæр цыди Цæгат æмæ Хуссар Иры, уæлдайдæр æвзаджы фарстытыл. Æмæ та сын иумæйаг конференци байгом 1934 азы 15 майы. Сæ уынаффæ амыдта, афон кæй у ирон литературон иу æвзагмæ рахизынæн, ирон æвзаджы æппæт диалектты æмæ ныхасыздæхтыты лексикон хъæздыгдзинæдтæй амал æмæ гæнæнæй фылдæр пайда кæнгæйæ.

Конференци бацамыдта, Дыгургомы скъолатæ дарддæр дæр кусæнт дыгурон диалектыл райдиан скъолаты; районы газет «Сурх Дигора» дарддæр дæр цæуæд дыгурон диалектыл, цалынмæ чиныгкæсджытæн сæ фылдæр литературон æвзагыл фæцалх уа, уæдмæ.

Дыууæ азы фæстæ та ногæй арæзт æрцыди дыууæ облæсты делегатты конференци 1936 азы. Боны фæткы сæйраг фарст уыди скъолаты коренизаци. Уæдмæ Цæгат Иры мадæлон æвзагыл ахуыр кодтой 1–4 кълæстæ, ома, райдиан скъола æнæхъæнæй, Ахуыры ног аз куы ралæууыд, уæд та хъуамæ ирон æвзагыл ахуырмæ рахызтаиккой æнæххæст астæуккаг скъолайы авд къласы дæр. 1936–37 ахуыры азмæ хъавыдысты фæндзæм æмæ кæмдæрты æхсæзæм кълæсты ахуыр дæр ирон æвзагмæ раивынмæ. Цыбыр дзырдæй, ирон астæуккаг скъола æнæхъæнæй коренизацигонд хъуамæ æрцыдаид 1940–41 ахуыры аз. Уырыссаг æвзаг хуыздæр базонынæн та конференци амыдта фылдæр æмгъуыдмæ йæ ахуыр кæнын, ахуыры пъланы йын йæ сахæттыл бафтауын.

Фæлæ уыцы конференци цы æмгъуыдтæ снысан кодта, уыдон фæдзæгъæл сты. Цард йæхæдæг бахаста йæхи ивддзинæдтæ æмæ æмгъуыдтæ ирон скъолайы куыстмæ. Ам æнæ бафиппайгæ нæй, ирон фæрссаг хъæуты скъолаты национализаци (коренизаци) ахъаз кæй фæци æнахуыргонддзинад фесафынæн, культурон-рухсады кусæндæттæ сарæх кæнынæн, цыбыр дзырдæй, æцæг культурон революци саразынæн.

Абоны онг æнæнхъæлæджы баззад æвзаджы арæзтады куыст бæрæггæнæг экспедицийы уæнг Цæллагты Мамсыры дзуаппон доклад. Уым амыдта: бабæрæг кодта арф кæмтты хъæутæ æртæ районы — Мамысоны, Зруджы æмæ Дзынагъайы. Æмæ дзы цы 6 скъолайы куыста, уым 17 ахуыргæнæгæй уроктæ лæвæрдтой мадæлон æвзагыл (революцийы агъоммæ та — æрмæст уырыссагау).

XVIII æнусы кæронæй фæстæмæ уырыссаг дамгъуатыл чи куыста, алы адæмыхæттытæн кæрæдзи æмбарæн фæрæзæй, уыцы дамгъуæттæм та ногæй куы рахызт ирон фыссынад латинаг дамгъæтæй, уæд ирон сабитæн æнæмæнг фенцондæр мадæлон æвзагыл ахуыр кæнын. Фæлæ уыимæ ирон культурæ æмæ ирон адæмы иудзинадæн (Цæгат æмæ Хуссарæн) уый фæци бæрзæйсæттæн цæфау суанг абоны онг дæр ма. Уымæн æмæ Хуссар Иры фыссынад ивд æрцыд уырыссаг графикæмæ нæ, фæлæ гуырдзиагмæ. Уый адыл аскъуыд кæрæдзиимæ бастдзинад æмæ æмвæнд рæзт Хуссар æмæ Цæгат Иры астæу.

Фæлæ ирон скъолаты цард ууыл нæ аскъуыди. 1936 азы ног арæзт 14 скъолайы байгом кодтой сæ дуæрттæ. Æнæххæст астæуккаг 12 скъолайы та систы астæуккæгтæ. Афтæмæй 1940–41 ахуыры азмæ Ирыстоны скъолаты нымæц схæццæ 212 онг æмæ дзы куыста 2978 ахуыргæнæджы.

1940 азы та фæстæмæ сног адæмон ахуырады национализацийы этап. Облæсты хицауад уынаффæ рахастой æнæххæст астæуккаг ирон скъолаты коренизацийы тыххæй. Æмæ 1940–41 ахуыры аз ирон æвзагмæ рахызтысты 5–7 кълæстæ, дарддæр хъуыди 1944–45 ахуыры азмæ 8–10 кълæсты дæр бацæттæ кæнын. Адæмон ахуырады дзуаппон доклады куыд амынд уыдис, афтæмæй истори, биологи, географийы уроктæм скъоладзаутæ мадæлон æвзагыл хъуыстой тынг разæнгардæй.

Партийы обкомы бюройы æмæ Цæгат Ирыстоны АССР-йы адкомсовы 1940 азы 6 декабры уынаффæ амыдта æнæххæст астæуккаг (авдазон) ирон скъолаты коренизаци 1941–42 ахуыры азмæ ахæццæ кæнын. Уый фæстæ мадæлон æвзагыл ахуырмæ бацæттæ хъуыд 8–10 кълæстæ 1944–45 ахуыры азмæ. Фæлæ адæмæн сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты.

Уалынмæ ныййазæлыдысты тугуарæн хæсты хотыхтæ. Ахуыргæнджытæн сæ фылдæр, стæй хистæр скъоладзаутæй дæр бирæтæ аивылдысты хæсты быдырмæ. Æмæ дзы искуы-иутæй фæстæмæ йæ фыды уæзæг ничиуал ссардта. Скъолаты агъуыстытæн сæ фылдæр ныппырх, дур дзы дурыл нал баззад. Ахуыры фæрæзтæн сæ кой дæр нал уыд. Æрмæст Цæгат Ирыстоны рухсады кусæндæттыл цы зиантæ æрцыд, уыдон, æхцайæ нымайгæйæ, сæййæфтой 28 милуан сомы онг. Хæсты цъæх арты зынгæй басыгъд æнæкæрон бæстæйы адæмон хæдзарад æмхуызонæй. Æмæ фашистон æрдонгыл фæуæлахизы фæстæ советон фæллад адæм сæ судзгæ хъæдгæмттæ дзæбæх кæнынмæ бавнæлдтой.

Хæсты фæстæ тыхст рæстæджы 1945–46 ахуыры аз Иры зæххыл скуыстой 230 скъолайы, ахуыргæнинæгты нымæц хæццæ кодта 67 мин адæймагæй чысыл фылдæрмæ. Уыцы фыццаг аз се скъола сæ æвадат царды аххосæй ныууагътой 8850 ахуыргæнинаджы. Ирон скъолатæй фæстæмæ республикæйы куыста цыппар национ астæуккаг скъолайы: сомих æмæ гуырдзыйæн, стæй дыууæ авдазон скъолайы та кæсгон æмæ хъуымыхъхъаг сывæллæттæн.

Ирон райдиан скъолаты ахуыр цыди мадæлон æвзагыл. 5–7 кълæсты та уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæй фæстæмæ хъуамæ ахуыр кодтаиккой мадæлон æвзагыл. Фæлæ ирон æвзагæй ифтонг ахуыргæнджытæ нæ фаг кодта, физикæ æмæ химийы ахуыргæнæн чингуытæ та æппындæр нæ уыд. Уый фыдæй сын сæ программæ ауагътой уырыссаг æвзагыл. Æмæ ма ирон æвзагыл ахуыргæнæн чингуытæ кæм уыд, уыцы скъолаты дæр ахуыр байдыдтой уырыссаг æвзагыл. Уæлдайдæр 8–10 кълæсты уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгты уроктæй фæстæмæ ахуыр кæрæй-кæронмæ цыди уырыссаг æвзагыл. Уый ахуыргæнджыты аххос дæр уыд. Йæ заманы институты ирон æвзагыл чи нæ сæмбæлд æмæ иронау æдæрсгæ дзурын чи нæ базыдта, ахæм ахуыргæнæг куыд ахуыр кодтаид сывæллæтты мадæлон æвзагыл!

Æмæ бæргæ арæзт цыди методикон курсытæ, семинартæ, фæлæ сæ хæрдзты бæрц пайда нæ лæвæрдтой, уымæн æмæ фылдæр архайдтой уырыссаг чингуытæй, ахæмтæ мадæлон æвзагыл фаг кæй нæ уыд, уый тыххæй.

Цæгат Ирыстоны Пединституты æмæ Ахуыргæнджыты институты фаг цæттæдзинад чи нæ райста, уыцы ахуыргæнджыты уроктæй хорзмæ æнхъæлмæ кæсæн нæ уыд, нæ арæхстысты наукон терминологийæ иронау пайда кæнынмæ.

Уыдæттæ хынцгæйæ Пединститут æмæ Ахуыргæнджыты институт бавнæлдтой ирон терминологи ахуыр кæнынмæ, ирон æвзагыл ахуыргæнæн практикæ хуыздæр сæвæрынмæ. Æмæ уыцы аз бантысти коренизацийы хъуыддаг ахицæн кæнын 5–7 кълæсты. Уымæн æмæ ирон æвзагыл рауагътой, 7-æм къласæн ахуыргæнæн чингуытæ цы хъуыд, уыдон, «Зоологи» æмæ «Физикæйæ» фæстæмæ, стæй 5–7 кълæстæн фаг барвыстой, ирон æвзаг хорз чи зыдта, ахæм ахуыргæнджытæ дæр.

Методикон æгъдауæй та ахуыргæнджыты цæттæ кодтой Ахуыргæнджыты дæсныйад хуыздæргæнæн институт æмæ Рухсады министрад алыхуызон курсыты æмæ семинарты. Фæлæ уæддæр чингуытæ фаг нæма уыд æмæ æнæбары пайда кодтой уырыссаг скъолаты алыхуызон æрмæгæй.

Уæдмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй скъолатæ уыдысты æххæст, кæд сеппæт фаг цæттæ нæ уыдысты хистæр кълæсты уроктæ дæттынмæ, уæддæр.

1947–48 ахуыры аз байгом сты цæттæгæнæн кълæстæ, цæмæй сабитæн фадат фæуыдаид мадæлон æвзаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ уыциу рæстæг ахуыр кæнын. Ныр мадæлон æвзаг ахуыр кæнын сабитæ райдыдтой афæдз раздæр, уырыссаг æвзаг та — дыууæ азы раздæр. Дыууæ æвзаджы цæттæгæнæн къласы æмрæстæджы ахуыр кæныны амидингæнæг уыд партийы Центрон Комитет. Æмæ уыцы фæндон æххæст кæныныл æрлæууыдысты Цæгат Кавказы автономон республикæтæ сеппæт дæр. Фылдæр адæм атауыс кодтой, уый ныййарджыты фæндон у, зæгътæ. Фæлæ уый дзæгъæл дау уыд. Уымæн æмæ ныййарджытæ политикон цардмæ ницы бар дардтой.

40-æм азты дыккаг æмбисы ирон скъолайы размæ æрлæууыди дыууæ ахсджиаг хæсы: ирон скъолайы коренизаци бындуронæй ахицæн кæнын æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыр фæхуыздæр кæнын. Æмæ ирон æвзаг биноныг чи нæ зыдта, æвзаджы терминологийы бæлвырддзинæдтæ чи не ’мбæрста, уыдонæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцондæр уыд уырыссаг æвзаджы уроктæ аразын. Уыимæ Министрад сæрмагондæй бæрæг кодта, мадæлон æвзагыл цы скъолатæ кусынц, уым ахуырдзауты æййафындзинад. Фæлæ ахуыргæнджытæ сеппæт фаг цæттæ кæй нæ уыдысты ирон æвзагæй, уый фыдæй хорз уроктæ дæттæн нæ уыд иронау. Æмæ уый æвзæрдырдæм зынди скъоладзауты. зонындзинæдтыл. Хæрзифтонг ахуыргæнджытæ та мадæлон æвзагæй нæ цæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны педагогон институт æмæ Ахуыргæнджыты институт. Ахæм æдзæттæ ахуыргæнджыты урокты та биноныг æнæрæдыд дзуаппытæм æнхъæлмæ кæсæн нæй скъоладзаутæй.

Рухсады министрады къухы бафтыди, цæмæй 1948–49 азæй фæстæмæ Педагогон институт æмæ Ахуыргæнджыты институт бахыгътаиккой уыцы хъуагдзинад æмæ уæд студенттæн сæ бон бацадаид ирон терминологи амонын, стæй сæ бæлвырд зонгæ кодтаиккой ирон æвзаджы ахуыргæнæн чингуытимæ æмæ аккаг уагыл сæвæрын хъуыд педагогон практикæ 5–7 ирон кълæсты.

Уыцы аз 1948–49 ахуыры аз æнæхъæнæй ахицæн коренизацийы хъуыддаг 5–7 кълæсты. Уымæн ахъаз фæци ахуыргæнæн чингуыты рауагъд ирон æвзагыл. Стæй скъолатæм фаг æрвыст æрцыд ахуыргæнджытæ дæр ирон æвзагæй.

Уырыссаг æвзаг ирон скъолаты амоныны хъуыддаг та рæвдз нæ цыди методикон æгъдауæй ахуыргæнджыты æдзæттæдзинады аххосæй. 1947–48 ахуыры аз ирон скъолаты уырыссаг æвзаг амыдта 156 ахуыргæнæджы. Æмæ дзы скъоладзауты мадæлон æвзаг зыдта 122 ахуыргæнæджы. Фæлæ национ скъолайы уырыссаг æвзаг ахуыр кæныны методикæ куынæ зонай, уæд нæ сарæхсдзынæ ирон æвзаг зоныны фæрцы уырыссаг æвзаджы уроктæн феххуыс кæнын дæр. Уырыссаг ахуыргæнджытæ та, искуы-иутæй фæстæмæ, скъоладзауты мадæлон æвзаг кæй нæ зыдтой, уый фыдæй сæ бон бамбарын нæ уыд ирон æвзаджы сæрмагонд хицæн миниуджытæ æмæ фæзилæнтæ. Уый та, æвæдза, æнæмæнг хъæугæ мадзал у национ скъолаты уырыссаг æвзаг æнæкъуылымпыйæ амонынæн.

Ахуыргæнæн чингуытæ мадæлон æвзагыл фаг куынæ уа æмæ æнæбары уырыссаг скъолаты чингуытæй куы пайда кæнай, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр къуылымпыйы хос у национ скъолаты ахуырæн. Æмæ суанг 1949–50 ахуыры аз дæр ма ирон скъолатæн ахуыргæнæн чингуытæ фаг нæма уыд, уæлдайдæр 1, 2, 4 æмæ 6 кълæстæн.

Коренизацийы фæндагыл ма Ирыстон сæмбæлди ноджы иу цæлхдурыл. Дыгурон скъоладзауты бахъуыди 5-æм къласæй æддæмæ ирон диалектмæ рахизын (иу литературон æвзагмæ). Уый тыххæй дыгурон райдиан кълæсты ахуыргæнæн чингуыты хъуамæ ныммыхуыр кодтаиккой ирон тексттæ дæр, стæй литературон æвзаджы грамматикæ дыгурон сабитæ хъуамæ ахуыр кодтаиккой æртыккаг къласæй æддæмæ. Фæлæ уый къухы нæ бафтыд. Уыйадыл ахицæн ирон скъолаты коренизаци.

Коренизацийы тыххæй Рухсады министрады документты 1950 азы цы хатдзæгтæ фыст æрцыд, уым бакæсæн ис ахæм ныхæстæ: «Практика обучения на осетинском языке (в 1–7 классах иронских школ и 5–7 классах дигорских школ на дигорском диалекте) содействовало поднятию качества знаний учащихся осетинских школ».

5. Ирон скъолайы денационализаци

Фæндзайæм-æхсайæм азтæ сæрмагонд бынат ахсынц ирон скъолайы историйы. Раздæры фæлтæрддзинад бæлвырд равдыста, национ ахуырады системæйы арæзтадмæ кæсын кæй хъуыд комплексон æгъдауæй æмæ куысты сæйраг фæндæгтæ афтæмæй агурын. Фæлæ уыцы фæлтæрддзинад цыди политикон ног уавæрты, ног историон æхсæнад «советон адæм» æвзæрын куы байдыдта, айдагъ уырыссаг æвзагимæ, уыцы заман.

50-æм азты адæмон ахуырад Цæгат Ирыстоны фæстæмæ хæцын байдыдта æххæст национ ахуырады идейæтыл. Уымæн фадат фæци ирон скъолайы национализацийы куысты къуылымпыты аххосæй. Ирон æвзаг æййæфта наукон-техникон терминтæ хъуаг. Нæ нæм фаг кодта ирон скъолайы уроктæ ирон æвзагыл аразæг дæсны ахуыргæнджытæ. Уæлдай зынтæ та æвзæрстой дыгурон диалектыл кусджытæ. Æмæ та, 1949–50 ахуыры аз нæ хъæуты скъолатæ æппæтон авдазон ахуырады фæндагыл куы ныллæууыдысты, уæд стыр цæлхдуртæ баййæфтой коренизацийы дуджы хуызæн.

1950–51 ахуыры аз ирон скъолаты 4-æм кълæсты сабитæ экзаменты равдыстой «хорз, арф» зонындзинæдтæ. Райдиан кълæсты ахуыргæнджытæ хæрзифтонг уыдысты ирон æвзагæй. Уæдæ ахуыргæнæн чиныгхъуаг дæр нæ уыдысты скъоладзаутæ. Национ чингуытæ рауадзыны пълан уыцы аз æххæстгонд æрцыд æнæхъæнæй. Министрады дзуаппы амынд цыди æрмæст уый, ома иуæй-иу ахуыргæнджытæ фаг хорз нæ зыдтой уырыссаг æвзаг.

Уыцы рæстæг бынтон æндæр уавæр уыди ирон скъолаты хистæр кълæсты. Уым уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй бирæтæ биноныг нæ зыдтой ирон æвзаг. Нæ зыдтой наукон терминологи æмæ уый аххосæй сæ бон бæстон амонын нæ уыд ирон æвзаджы æгъдæуттæ.

Дыгурон ахуыргæнджытæ нæ фæрæзтой ахуыры æрмæг сыгъдæг ирон литературон æвзагыл аразын. Уæвгæ та пайда кодтой уырыссаг ахуыргæнæн чингуытæй, афтæмæй уроктæ лæвæрдтой дыгуронау. Æмæ скъоладзаутæ, ирон ахуыргæнæн чингуытæ кæсгæйæ, ахуыры æрмæгмæ та сæ урокты хъуыстой дыгуронау, уый фыдæй сæ дзуаппытæ уыдысты нæдæр иронау, нæдæр дыгуронау, фæлæ цавæрдæр æмхæццæ «диалектыл». Афтæмæй ныддызгъуын кодтой æнæуи дæр зынæмбарæн терминтæ, æппындæр сын бамбарæн нал уыд. Ирон пединституты та сæ факультетты иронау нæ ахуыр кодтой наукон терминологи.

Уавæр сраст кæныны тыххæй нысангонд æрцыд: Ахуыргæнджыты дæсныйад хуыздæргæнæн институты фæрцы ахуыргæнджыты арæхстдзинад фæрæвдздæр кæнын. Дыгурон скъолаты райдиан кълæсты ахуырдзауты литературон æвзагыл фæцалх кæнын, уый фæстæ сын уроктæ сыгъдæг литературон æвзагыл дæттын. Ирон æвзаджы æмрæнхъ 5–7 кълæстæн уырыссаг терминологи дæр амонын. Ирон скъолаты 8–10 кълæсты та ахуыр кодтой сыгъдæг уырыссагау.

1951 азы 1 сентябрæй фæстæмæ ирон скъолатæ кусын байдыдтой, Уæрæсейы Федерацийы Министрты Советы амындæй Цæгат Иры рухсады министрад кæй сарæзта, уыцы пъланмæ гæсгæ. Ног программæтæ бацæттæ кодтой мадæлон æвзаг æмæ литературæйæн, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйæн. Уыимæ ирон литературæйы курсæй аппæрстой Токаты Алиханы æмæ Тлатты Хохы сфæлдыстад, уый хыгъд бафтыдтой уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы уроктыл.

1951–52 ахуыры аз æппæтон ахуыры фæндагыл ноджыдæр ма Ирыстон акъахдзæф кодта размæ — байгом дзы фараст ног скъолайы, ноджы байгом кæнынмæ цæттæ уыдысты 26 интернаты мин сабийæн.

1952 азы 9 майы нæ республикæйы Министрты Совет рахаста уынаффæ «Ирон скъолайы коренизацийы хъуыддæгтæ банывыл кæныны» тыххæй, авдазон скъолаты 5–7 кълæсты æмæ ирон астæуккаг скъолайы коренизаци бынтон æдзæллагмæ кæй æрцыд, уый тыххæй. Уынаффæйы фыст ис: «Качество знаний учащихся коренизированных 5–7 классов крайне низкое. В то время, когда знание русского языка является самым необходимым для связи и общения с другими народами, дальнейшего усовершенствования национальных кадров в области научных и технических познаний и роста культуры, преподавание физики, химии, естествознания, математики и других предметов на осетинском языке служит большой помехой в деле успешного овладения русским языком. Все это приводит к тому, что учащиеся, оканчивающие осетинскую семилетнюю и среднюю школу, испытывают серьезныс затруднепия при поступлспии в техникумы и высшие учебные заведения».

Уынаффæйы кæрон куырдæуы ÆК(б)П-йы ЦК æмæ ССР Цæдисы Министрты Советæй: «разрешить, как исключение, ввести с 1 сентября 1952 года обучение в 5–7 классах осетинских школ на русском языке». Ацы мадзал нымадæуыди рæстæгмæйыл — «до подготовки необходимых условий для успешного проведения коренизации семилетней осетинской школы».

Курдиат, ай-гъай æххæстгонд æрцыди.

Йæ дзуаппы 1952–53 ахуыры аз республикæйы Рухсады министрад хъусын кодта: ирон скъолаты 5–7 кълæсты ахуыр мадæлон æвзагыл саразыны хъуыддаг равдыста — цы æвзагыл ахуыр кæпынц сабитæ, уый нæ ахъаз кæны уырыссаг æвзагæй сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынæн. Уый хынцгæйæ, бирæ скъолатæ ацы аз сæ ахуыр сæвæрдтой уырыссаг æвзагыл. Æмæ уыцы куыст ныр дæр афтæ цæуы.

Гъе афтæмæй, ахуыр уырыссаг æвзагыл саразынмæ ирон скъолатæ фæстæмæ рахызтысты 1951–52 ахуыры аз. Уроктæ уырыссаг æвзагыл рауагътой ирон скъолаты æппæт ахуырдзаутæн дæр 5-æм къласæй уæлæмæ.

Куыст цыди дыгурон райдиан скъолаты литературон æвзагмæ раивыныл — дыккаг къласæй райдайгæйæ. Уыцы куыст хъуамæ æрцыдаид 1953–54 ахуыры аз, фæлæ не срæвдз, фаг цæттæгонд ахуыргæнджытæ кæй нæ разынд, уый фыдæй. Æнæ зæгъгæ нæй уый тыххæй дæр, æмæ партийы обкомы бюро кæй рабæрæг кодта стыр хъæнтæ æмæ рæдыдтытæ мадæлон æвзаг æмæ национ литературæ амоныны урокты 1953 азы.

Куыд разынд, афтæмæй «ирон скъолаты абоны онг нæй хæрзгуыст ахуыргæнæн чиныг ирон æвзаджы грамматикæйæ, уый нæ фæлæ ма нæй нывыл арæзт орфографи дæр». Уыцы ахъаззаг аиппытæ стыр сагъæсы бафтыдтой партийы разамынды. Æмæ йæ бон цы уыд, уымæй бацархайдта ирон скъолаты ахуыр уырыссаг æвзагыл рæвдздæр сæвæрыныл, мадæлон æвзаг иуварс аппарыныл.

Цымыдисаг у, Ирыстоны адæмон ахуырады хъуыддаг 1953–54 азты Уæрæсейы Федерацийы Министрты Советы æмæ Адæмон рухсады министрады бæрæггæнинаг кæй фæци, уый. Бирæ хъæндзинæдтæ бацамыдтой куыст бæрæггæнджытæ. Алы хуызы дæр архайдтой ахуырады-хъомылады куыст æдзæллагæй равдисыныл. Ахуыры æййафындзинад уырыссаг æвзагæй æмæ математикæйæ цаудыл банымайыныл, ноджы æвзæрдæрыл та нымад æрцыд «ирон ахуырдзауты æййафындзинад».

Мæскуыйаг бригад 1954 азы бацамыдта, 5–7 кълæстæ уырыссаг æвзагыл ахуырмæ куы рахызтысты, уый фæстæ дæр къухы кæй не 'фты фæхуыздæр кæнын уырыссаг æвзаджы æрмæг амоныны хъуыддаг.

1954–55 ахуыры азы куыст цыди ирон скъолатæн ахуыры ног пълан аразыныл, стæй ног программæтæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ рауадзыныл уырыссаг æмæ мадæлон æвзæгтæй.

1955–56 ахуыры азмæ рауадзынмæ бацæттæ кодтой 36 чиныджы, уыдонæй ирон æвзагыл — 26. Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы, ирон æвзаг æмæ литературæйы чингуытæ æрцыдысты хицæнхуызы арæзт сæрмагондæй ирон скъолатæн. Иннæ предметты чингуытæ ратæлмæц кодтой уырыссаг æвзагæй. Уыцы аз та ноджы фæкъаддæр скъолаты нымæц. 15 райдиан скъолайы баиутæ кодтой, хæстæгдæр сæм цы авдазон æмæ астæуккаг скъолатæ уыд, уыдонимæ.

1956 азы рацыд цалдæр уынаффæйы ирон скъолаты хъысмæты фæдыл. Уыцы аз июлы фидаргонд æрцыдысты ирон орфографийы æгъдæуттæ дæр ирон дамгъуат фæхуыздæр кæнынæн. Фæлæ 1956 азы 16 мартъийы цы уынаффæ рацыд, уымæй хуыздæр æвдисæн нæй партийы генералон хаххæн: ирон райдиан скъолайы бон нæу йæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кæнын сывæллæтты ахуыры æмæ хъомылады куысты; скъола сабитæн нæ дæтты иудадзыг арф æмæ фидар зонындзинæдтæ. Тæккæ æдзæллагдæр у уырыссаг æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг. Æмæ сæ уый æфтауы уæлдай зындæр уавæрты канд райдиан кълæсты нæ, фæлæ дарддæр авдазон æмæ астæуккаг скъолаты ахуыр кæнгæйæ дæр.

1956 азы 27–31 июлы Ирыстоны столицæйы уыди ахуыргæнджыты, методистты, наукон кусджыты, стæй адæмон ахуырады хайадты æмæ Цæгат Кавказы республикæты рухсады министрадты кусджыты конференци. Æмæ сæ уынаффæйы сæйрагыл банымадтой скъоладзауты зонындзинæдтæ уырыссаг æвзагæй фæхуыздæр кæнын.

1956 азы ноджы наукон-практикон конференци байгом Ирыстоны скъолатæн. Делегаттæ сæ раныхæсты бацамыдтой ирон скъолаты æбæлвырд уавæр уырыссаг æмæ ирон æвзаджы æхсæн.

Æппæтон ахуырады рæзты аууон астæуккаг скъолайы коренизаци йæхæдæг йæхи 'гъдауæй раиуварс хъуыддагæй. Ирон адæмæн сæхи мадæлон æвзагыл уæлдæр ахуыргонддзинад райсыны фадатæн йæ кой дæр нæ уыд. Ахæм уавæрты ныййарджытæ дæр, ахуыргæнджытæ дæр æмæ скъоладзаутæ дæр куыдфæнды цæстæй акастысты ирон æвзагмæ, мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны хъуыддагмæ. Æмæ йæ рæзыны фæндаг æрбакъуындæг ирон скъолайæн.

Конференцийы сцырен быцæу ирон скъолаты ахуыры фæдыл, цавæр æвзагыл сын æмбæлы уроктæ аразын, уый тыххæй.

Камбилеевкæйы астæуккаг скъолайы директор Темырайы-фырт конференцийы размæ сæвæрдта цæхгæр фарст: сывæллæттæй иутæ ахуыр кæнынц ирон программæйæ, иннæтæ — уырыссаг. Уый раст у наукон цæстæнгасæй, кæнæ нæхи пролетарон интернационализмы, æви коммунистон цæстæнгасæй акæсгæйæ? Æмæ йæ дзуапп дæр цæттæ уыд: «Я считаю, что это искусственные перегородки. В русских классах очень много осетин, и они лучше занимаются и грамотнее выглядят, чем русские дети по русскому языку. Я это сам по себе чувствую, я учился в русской школе, в вузе учился с русскими, сейчас я разговариваю гораздо хуже по-русски потому, что мне приходилось постоянно сталкиваться и разговаривать на осетинском языке. Никто не может сделать замечания в школе, что мы говорим по-осетински, химики, биологи сами малограмотные (ома уырыссагау нæ дзурынц! — Б. Р.) и не поправляют учащихся. Надо сделать так, чтобы как можно больше детей учились в русских классах и ввести русские нормативные программы в осетинских школах». Темырайы-фыртæн æмбырды уæвджытæ сарæзтой къухæмдзæгъд.

Йæ фарс фæци хуымæллæггаг ахуыргæнæг Галазты Æхсарбег. Уый ранымадта уырыссаг æвзаджы чингуыты аиппытæ, стæй ирон скъолатæн методикон амынддзинæдтæ фаг кæй нæй, райдианы кълæсты ахуыргæнджытæ та æххæст цæттæ кæй не сты уроктæ дæттынмæ, уыцы аиппытæ. Стæй загъта: «По-моему, назрела необходимость поставить вопрос о преподавании всех предметов на русском языке, начиная с первых классов. Я сам осетин, очень люблю осетинский язык и осетинскую литературу, но я всегда думаю, что русский язык везде необходим, даже в самом далеком селении документация ведется на русском языке. Кроме того, учащиеся получают больше пользы от такого преподавания... Я прошу рассмотреть этот вопрос и добиться разрешения».

Ацы хъуыдыйы фарс рахæцыди Дыгурыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Гуцъайы-фырт дæр.

Уыцы фæндæттыл разамынд разы кодта, æрмæст къуылымпыйаг уыд уый æмæ ахæм ахсджиаг хъуыддагыл уæзбын зондæй ахъуыды кæнын æмбæлы. Талф-тулф уынаффæйæ мыййаг куы фæрæдийæм, стæй мыййаг куынæ бафæразой сывæллæттæ, уæлдайдæр дард хæххон хъæуты уырыссаг æвзаг бамбарын цæттæгæнæн æмæ райдиан кълæсты? — Ахæм уыд рухсады министр Тотраты Абхазы хъуыды. Æмæ раст загъта: «Смогут ли дети, в особенности в отдаленных горных селениях, освоить материал на русском языке в подготовительном и первом классах».

Йæ хъуыдытæ ноджы æргомдæрæй загъта партийы обкомы хайады сæргълæууæг, ацы конференцийы сæрдариуæггæнæг Хъуылымбегты Мария: мæнмæ гæсгæ ахæм мадзæлттæй нæй уырыссаг адæммæ æмæ уырыссаг æвзагмæ дæ уарзондзинад равдисæн. Партийы политикæ, мыййаг, куы нæ амоны нæ бæстæйы æппæт адæмты дæр уырыссагау ахуыр кæнын. Уый нæ, фæлæ ма алкæмæн дæр бар ис, цæмæй алы адæмыхатт дæр рæзын кæна йæхи мадæлон æвзаг, хи национ культурæ... Номдзыд ахуыргæнджытæй нæдæр революцийы агъоммæ, нæдæр советон дуджы ничи амыдта национ сывæллæтты æнæмæнг уырыссаг æвзагыл ахуыр кæнын.

Партион разамонæг дарддæр дæр раргом кодта йæ хъуыды: хатгай махмæ афтæ дæр фæкæсы, цыма нæ сывæллæттæ уырыссаг æвзаг сæ райгуырынæй фæстæмæ зонынц. Фæлæ хъуыддагмæ кæсын хъæуы, куыд у, афтæмæй. Цард йæхирдыгонау рæзы. Кæмдæрты æнцон у уырыссаг æвзагмæ рахизын, кæмдæрты та уый гæнæн æппындæр нæй. Уымæ гæсгæ куыст аразын хъæуы, Центрон Комитет æмæ Уæрæсейы Федерацийы Рухсады министрад куыд амонынц, афтæ.

Æмæ кæд уыцы фæндоныл разыйы нысанæн делегаттæ æмдзæгъд кодтой, уæддæр, хицауадæй дзы чи бадти, уыдон æвдыстой сæ фæнд уырыссаг æвзагмæ раздахыны тыххæй. Æрмæст бæрæг уыд, уырыссаг æвзагыл ахуырмæ Иры скъолатæ цæттæ кæй нæ уыдысты, ома ахæм ахсджиаг хъуыддаджы фæрæдийын дæр диссаг нæу.Рухсады министр раст дзырдта, уæлдайдæр хæххон дард хъæуты сывæллæтты цæттæгæнæн æмæ фыццаг кълæсты куынæ æмбарой уырыссаг æвзаг. Уымæ гæсгæ нырма раджы у уырыссаг æвзагыл ахуыр кæнынмæ рахизын цæттæгæнæн æмæ фыццаг кълæсты.

Рохгæнинаг нæу уый дæр, æмæ национ республикæтæй бирæ рæтты 5–7 кълæсты, уый нæ фæлæ ма 5–10 кълæстæ дæр ахуыр кæнынц сæ мадæлон æвзæгтыл. Мах республикæ та Советон Цæдисы æппæты фыццæгтимæ æрæвæрдта фæндзæм къласæй райдайгæйæ уырыссаг æвзагмæ рахизыны фарста.

Делегаттæн сæ фылдæр дзырдтой национ скъолаты уырыссаг æвзагыл ахуыр кæныны фарс.

1956–57 ахуыры аз Ирыстоны куыста 29 райдиан ирон скъолайы, ирон-уырыссаг æмхæццæ скъолатæ та — 107. Ирон скъолаты нымæц цыбыр кæнын байдыдта, 1953 азы баисты 66, 1955 азы та — 35. Ирон скъолайы æмæ ирон æвзаджы кад бынтон æрныллæг. Педагогон институты ирон æвзаджы хайадмæ ахуыргæнинæгтæ райсын сси зын хъуыддаг, ирон æвзаг зонæг фæсивæд арæх кæй нал уыд, уый фыдæй. Афтæмæй сындæггай куыст цыди ирон скъолаты ахуыр мадæлон æвзагæй фервæзын кæныныл.

1957 азы августы цы дыккаг съезд æрæмбырд республикæйы адæмон ахуырады кусджытæн, уым ныхас цыди алыхуызон фарстытыл, кълæсты æмбырдтæ аразыныл, скъолайы радгæстæ нысан кæныныл, эстетикон æнкъарæнтыл, шпаргалкæтыл æмæ æндæр ницытæ 'мæ мацытыл. Æмæ чидæртæ куы ской кодтой ирон æвзаджы ахуыртæн цы мадзал аразут, зæгъгæ, уæд рухсады министр Тотраты Абхаз загъта: «Тыхмадзалæй никæй бон у иронау ахуыр кæнын, фæлæ кæд ныййарджыты æмæ сывæллæтты фæнды, уæд не хæс у сабитæн ирон литературæ æмæ мадæлон æвзаг амонын. Ацы ныхасыл партийы обкомы секретарь Хъæбæлоты Билар, бафтыдта: «У нас есть школы со смешанным составом классов. Дети вместе играют, все время находятся вместе, а мы их искусственно расщемляем по национальным классам. В этих школах есть смысл сливать классы и переводить их на русскую программу». «Æвæджиау» хъуыдыйыл министр фæхæст æмæ йын дзуапп радта: «Мы это уже делаем в некоторых населенных пунктах, где это возможно».

Уый фæстæ цы съездтæ уыд рухсады кусджытæн, иу ран дзы ирон скъолайы кой ничиуал скодта. Иууылдæр бамбæрстой республикæйы разамынды зонд уыцы хъуыддаджы. «Скъолайы куыст цардимæ бабæттыны æмæ адæмон ахуырад дарддæр рæзын кæныны тыххæй» закъон æмæ партийы, стæй паддзахады уæлдæр оргæнты уынаффæтæм гæсгæ астæуккаг ахуырады ног системæ дихгонд цыди дыууæ къæпхæныл. Фыццаг — æппæт сабитæ дæр æнæмæнг хъуамæ фæуыдаиккой астазон скъола. Æххæст астæуккаг ахуыргонддзинад та фæсивæдæн сæ бон райсын уыд изæрон скъолайы, кæнæ фæллойадон-политехникон ахуыры скъолаты куыстадон ахуыримæ. Цæгат Ирыстон сразы астазон ахуырмæ рахизыныл æртæ азмæ, 1959–1962 азмæ.

Адæмон ахуырады системæ рацаразыны фæдыл Центрон Комитет æмæ ССР Цæдисы Министрты Совет скъолаты тыххæй амыдтой, ныййарджытæн бар кæй ис, сæ цоты сæ цавæр æвзагыл ахуыр кæнын фæнды, уый равзарынæн. Уыцы бар «Скъолаты тыххæй закъоны» дæр тезисты амыдтой, национ скъолаты ахуыргæнинæгтыл æгæр стыр уаргъ æвæрд кæй ис, уый. Ома, ахуыр кæнынц уыцы иу рæстæджы æртæ æвзаджы: мадæлон уырыссаг æмæ фæсарæйнаг.

Ныййарджытæн бар ис, сæ цоты сæ кæцы æвзагыл ахуьтр кæнын фæнды, уый равзарынæн, зæгъгæ, уыцы хъуыдыйыл æнæдызæрдыгæй фæхæст сты Цæгат Ирыстоны. Æмæ ирон астазон скъолайы ахуыры пълан «фæрогдæр» кæныны охыл сæ уагыл ныууагътой мадæлон æмæ уырыссаг æвзæгты ахуыртæ. Иуæндæсазыккон скъолайы фарæстæм къласæй фæстæмæ ахуыр кодтой уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæ. 1959 азы 1-æм сентябрæй фæстæмæ фæндзæм кълæстæ фæсарæйнаг æвзаг нал ахуыр кодтой. Астазон скъолаты фыццаг къласæй цыппæрæм къласмæ уроктæ цыдысты мадæлон æвзагыл, фæндзæм къласæй фæстæмæ та — уырыссагау, афтæмæй мадæлон æвзаг куыд предмет ахуыр кодтой 8-æм къласы онг.

1962–63 ахуыры аз ирон астазон скъолаты æппæт кълæстæ дæр рахызтысты ног пълантæ æмæ программæтæм. Ирон скъолаты уæдмæ нал уыд цæттæгæнæн кълæстæ. Ахуыры предметтæй, уыимæ уырыссаг æвзагæй дæр, ирон скъолаты пълан уырыссаг скъолаты хуызæн куыстой æмбæрц сахæттæ. Сæ «уаргъ» сын фæкъаддæр кæныны охыл фæцыбыр кодтой фæллойадон ахуыры æмæ физкультурæйы уроктæ. Хъуыддагæй та мадæлон æвзаг ахуыр кæныны уроктæ фæкъаддæр сты, уый хыгъд бафтыд уырыссаг æвзаджы урокты нымæцыл.

Национ ахуырады системæйæн йæ бындзар бынтондæр сыскъуыныны тыххæй ма бакодтой фæстаг мадзал — ирон скъолайы райдиан кълæсты ахуыр ауагътой сыгъдæг уырыссаг æвзагыл. Уый тыххæй хъуыддаг бацæттæ кодтой 60-æм азты фыццаг æмбисы.

1963–64 ахуыры аз уырыссаг æвзагмæ рахызтысты 5–11 кълæсты ахуырдзаутæ сеппæт дæр, стæй райдиан кълæсты ахуыргæнинæгты 10%. Æмæ рахъæр, уырыссагау ахуырмæ, дам, рахызтысты ныййарджыты фæндонмæ гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Совет цы закъон сфидар кодта скъолаты тыххæй, уымæ гæсгæ. Уæрæсейы национ скъолаты ахуырдзаутæй та ныййарджыты фæндонмæ гæсгæ ахуыр уырыссаг æвзагыл рауагътой æрмæст 27% райдианы кълæсты, 53% 5–8 кълæсты, 66% та — 9–10 кълæсты.

Фæндзæм къласæй фæстæмæ ахуыр уырыссаг æвзагыл рауадзыны тыххæй фарста Советон Цæдисы æппæты фыццæгтимæ сæвæрдта Цæгат Ирыстон. Уыцы хабар сæрыстырæй фехъусын кæнгæйæ, Ирыстоны рухсады министрæй 1956 азы ферох, Иры скъолаты 5–7 кълæстæ суанг 1952 азы уырыссаг æвзагыл ахуыр кæнын кæй райдыдтой, уый. Æрмæст уыцы мадзал уыд рæстæгмæ, коренизацийы хъуыддаг рæвдз саразынæн амал кæй нæма фæци, скъолаты фадæттæ кæй нæма амыдтой, уый фыдæй.

Ныр ног политикон уавæрты та диссаг нал уыд мадæлон æвзагæй фервæзынæн. Уæдæ Ирыстон йæ разæй никæй ауагъта ирон райдиан скъолаты ахуыр уырыссаг æвзагмæ раивыны хъуыддаджы дæр.

1964 азы 7–9 майы Цæгат Ирыстоны столицæйы цыди Наукон-практикон конференци ирон райдиан скъолаты ахуыр уырыссаг æвзагыл рауадзыны тыххæй. Тынг рæсугъд ныхæстæ та ракодта хуымæллæггаг ахуыргæнæг Галазты Æхсарбег, æрмæст ныр уый уыди рухсады министр.

Йæ доклады алы хуызы дæр равдыста, ирон скъолаты мадæлон æвзаг кæй нæ хъæуы, уый. Уырыссаг æвзаг, дам, зæланг кæны зæххы къорийы кæмдæриддæр æмæ йемæ алырдæмыты хæссы наукон æмæ техникон зонындзинæдты рухс, сабыр царды æмæ коммунизмы идейæтæ. Уымæ гæсгæ фарста æрлæууыд ног хуызы: кæй уæз дзы фылдæр ласы уырыссаг æмæ национ æвзæгтæй культурон æмæ хæдзарадон царды алы национ республикæйы æмæ облæсты дæр.

Министр дарддæр фехъусын кодта уырыссаг æвзаг, дам, «добровольно выбран осетинским народом языком деловых и производственных взаимоотношений, языком преподавания в средних специальных и высших учебных заведениях». Уый тыххæй докладгæнæг сæйраг документæн бацамыдта СЦКП-йы Программæ, зæрдæ чи бавæрдта, дарддæр дæр бæстæйы адæмты æвзæгтæн сæрибарæй рæзыны фадатæй, ССР Цæдисы алы цæрæгæн дæр парахат бартæ дæттынæй, сабиты цавæрфæнды æвзагыл дæр ахуыр кæнынæй, уый.

Наукон-практикон конференци разынди хорз фадат «демократон» формæйæн рагагъоммæ цæттæгонд уынаффæтæ сфидар кæнынæн. Галазы-фырт бамбарын кодта республикæйы разамынды офицалон фæнд дæр. «При разъяснении Закона о школе родители в нашей республике высказали свое желание и потребовали обучать их детей на русском языке с 1 класса,— загъта министр.— Каждый родитель думает о будущем своего ребенка, желает видеть его в числе активных строителей коммунизма... Глубокий анализ сложившейся системы обучения в осетинской школе подтверждает правоту мнения родителей».

Уæдæ цавæр хатдзæгтæ скодта министр, ирон скъолаты арф анализæй?

Ахæм анализ, æмæ нæ размæ æрлæууыд дывæр æвзагыл, Дыгургомы та — æртæ 'взагыл ахуыры скъола. Уыцы хъуыддагæн ныртæккæйы уавæрты бафæразæн нæй, фæсивæды ахуыр цы зонындзинæдтæ домы, уыдон хынцгæйæ.

Министры доклады конференцийы делегаттæ байхъуыстой ахæм хабармæ дæр: чидæртæ ам цæхгæр ныллæууыдысты сæхи фæндыл, ома, мадæлон æвзагæн аиуварсгæнæн нæй, зæгъгæ. Ома, зынгæ ахуыргæндтæй историйы никуыма ничи аппæрста мадæлон æвзаджы ахадындзинад, наукæты бындуртæ ахуыр кæнгæйæ. Уыцы æцæгдзинадæн ницы зæгъæн ис йæ ныхмæ, чидæриддæр зоны, наукæ æнцондæр æмбарæн кæй у мадæлон æвзагыл. Фæлæ цыфæнды хъуыддагмæ дæр кæсын хъæуы, цы уавæрты йыл тæрхон цæуы, уыдон хынцгæйæ. Мах уавæрты уырыссаг æвзаг сси ирон адæмæн сæ дыккаг мадæлон æвзаг, хъуыддагæй та ахсы адæмы царды фыццаг бынат. Æмæ ныййарджытæ дæр уымæн домынц сæ цоты сын уырыссаг æвзагыл ахуыр кæнын фыццаг къласæй фæстæмæ.

Министры цæстæнгас (нымай йæ партийы обкомы фæндоныл) растыл банымадта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты психологон-педагогон наукæты минæвар Хадыхъаты Хадзымæт дæр: «Для успешного овладения русским языком целесообразно все обучение в осетинской школе, начиная с 1 класса, осуществлять на этом языке».

Конференци байхъуыста уазджыты раныхæстæм дæр алы автономон республикæтæй.

Конференцийы уынаффæтæ уый адыл рæвдз-рæвдз сæрæвæрæн скодтой ирон скъолайы национализацийы хъуыддаг бал хынцъ кæнынæн æмæ ахуыртæ 1–4 кълæсты дæр сыгъдæг уырыссаг æвзагыл ауадзынæн.

Мадæлон æвзагыл нæ къух систам. Нæ дыккаг мадæлон æвзаг сси уырыссаг æвзаг. Ирон скъола та уырыссаг æвзагыл ахуыримæ сси ирои адæмы культурæйы рæзты фæндаглæгæрдæг мадзал.

Уый адыл ирон скъолайы денационализаци ахицæн. 1970–80 азты ма фæтджыгъæдæн ирон скъолаты баззад æрмæстдæр мадæлон æвзаджы æмæ ирон литературæйы уроктæ. Уыдон дæр цавæрдæр æнæхъуаджы хуызы. Æмæ ма сæ программæтæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ дæр аккаг хуызы арæзт нæ уыдысты, куыд «дыккаг сорты» предметтæ.

Æхсызгон фадæттæ ма цы скъолаты уыд, уым та уырыссаг æвзагмæ рахызтысты 1964–65 ахуыры аз. Иннæ скъолаты арæзтой уырыссаг æвзаг ахуыргæнæн къордтæ райдиан кълæсты ахуыргæнджытæн. Уырыссаг æвзагыл ахуырмæ чи рахызт, уыцы скъолаты та, кæм куыд арæхстысты, афтæ байгом кодтой къордгай (куст) ахуыртæ æмæ районты семинартæ ахуыргæнджытæн. Алы ахуыргæнæг дæр хъуамæ сахуыр кодтаид дыууæ азы ахуыргæнджыты дæсныйад хуыздæргæнæн институты, гæнæн æмæ амалæй уæд та фæсаууонмæ.

Уырыссаг æвзагыл ахуырмæ цы ирон астазон скъолатæ рахызтысты, уыдонæн конференцййы амынд ахуыры пълан 2–8 кълæсты мадæлон æвзаджы курс фæцыбыр кодтой къуыри æртæ сахаты онг. Уыцы пъланмæ гæсгæ мадæлон æвзаг та хъуамæ ахуыр кодтаиккой фыццаг къласы дыккаг æмбисæй фæстæмæ.

Цæгат Ирыстоны Рухсады министрады 60-æм азты куысты пъланты сæрмагондæй амынд цыди, къухы цы бафтыд, уыцы æнтыстытæ ныффидар кæнын. Уый адыл ахуыргæнджытæн сæрды каникулты рæстæджы курсытæ аразын. Радиойæ сын хъусын кодтой уроктæ уырыссаг æвзагæй æхсæзаздзыд ирон сабитæн. Мыхуырæй уагътой методикон амынддзинæдтæ, «уырыссаг æвзагыл ахуырмæ» чи рахызт, уыцы ирон скъолатæн.

Денационализаци фæци, ома, ирон скъолатæ ирон æвзагыл сæ куыст сæхгæдтой.

1970–80 азты ма «ирон скъолаты» баззади мадæлон æвзаджы æмæ ирон литературæйы уроктæ. Ирон æвзаджы ахуыр национ скъолать баззади куыд уæлæмхасæн хæс. Æмæ йæ ахуыр дæр цыди «æнæпайдайæ», скъоладзаутæн сæхи цæстæй акæсгæйæ, ахуыргæнджыты æмæ ныййарджыты цæстæй акæсгæйæ дæр. Уый охыл ын йæ уроктæ дæр ауагътой куыдфæндыйæ. Уымæн чысыл ахъаз нæ кодтой цауд программæтæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ, ирон æвзаджы хъысмæт республикæйы цы уавæрмæ æрхаудта, уый уынгæйæ, ирон адæмы культурæ æмæ æхсæнадон цардæй бынтон чи баиртæсти, уыцы кæддæры кадджын-цытджын мадæлон æвзаг.

Мадæлон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг, ирон ахуыргæнæн чингуыты æмæ программæты цауд хабæрттæ æнæ фысгæ нæ уыдысты мыхуыры фæрæзтæ дæр, æвдыстой сын сæ кæуинаг уавæр.

Ирон скъолайы уавæр цаудæй-цаудмæ кæй цыд, уый фæдыл карзæй-карздæр кодта идеологон кампани, дыууæ æвзагыл ахуыры пропагандæ. Уый æмбарын хъуыд куыд мадæлон æвзагыл къух сисын, мадæлон æвзаг ирон адæмы цардæй аппарыны фæрæз.

Уый бæсты уырыссаг æвзаг нымад æрцыд дыккаг мадæлон æвзагыл ирон адæмæн, ирон скъола уырыссаг æвзагыл ахуырмæ кæй рахызт, уый та — Иры дзыллæйы культурон рæзты æнтыстыл. Уырыссаг æвзагмæ рахизыны мадзал та — интернационализмы идейæтыл иузæрдиондзинады æвдисæныл.

1991–1992 азты Цæгат Ирыстоны адæмон ахуырады министрад снысан кодта проект национ скъолайы реформæйæн æмæ бавнæлдта царды йæ рауадзынмæ.

Национ ахуырады системæмæ Ирыстоны хъуамæ æфтыд æрцæуой сывæллæтты скъолайы агъоммæ кусæндæттæ, астæуккаг скъолатæ æмæ профессион-техникон училищетæ, институтты æмæ профессион-техникон училищеты мидæг сæрмагонд хайадтæ æмæ хицæн сæрмагонд къордтæ.